Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы аэропорт рӕстӕгмӕ у ӕхгӕд, атӕхӕн ӕмӕ дзы ӕрбадӕн нӕй
🔻 Мигъы аххосӕй ахӕм фӕтк ис ӕхсӕвӕй, фехъусын кодтой «Сапӕ»-йӕн аэропорты.
➡️ Тыхджын мигъы аххосӕй Внуковойӕ Дзӕуджыхъӕумӕ хӕдтӕхӕгӕн ратӕхыны фадат нӕй. Авиакомпани Utair-ы рейс хъуамӕ уыдаид 00:25 сахатыл.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уӕрӕсейы социалон фонд ӕмбарын кӕны инвалидтӕм зилыны фиддонты ивддзинӕдтæ
🔻 Инвалид сывӕллӕттӕм ӕмӕ, сабибонтӕй I-æм къӕпхӕны инвалид чи у, уыдонмӕ зилæг æмбæстӕгтæн 2025 азæй фиддзысты фӕйнӕ 10 мин сомы. Раздӕр сӕ фыстой ныййарджытӕн, ӕвджиды лӕгтӕн æмæ, йӕхицӕн сӕ цотӕн чи райста, уыдонӕн.
Социалон фонды куыд радзырдтой, афтӕмӕй раздӕр 1,2 мин сомы чи иста, уыдоны хъӕуы Социалон фонды хайадмӕ ӕрбацӕуын ӕмӕ ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕ ныффыссын.
💬 «Фӕстӕдӕр чи ӕрбацӕуа, уыдон ӕй исдзысты, гӕххӕтт цы бон балӕвæрдтой, уыцы бонӕй», — радзырдтой фонды.
➡️ Фиддонтӕ ӕрвылаз цӕудзысты индексацигонд. Фыццаг хатт ыл бафтаудзысты 1 февралы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Социалон фонды куыд радзырдтой, афтӕмӕй раздӕр 1,2 мин сомы чи иста, уыдоны хъӕуы Социалон фонды хайадмӕ ӕрбацӕуын ӕмӕ ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕ ныффыссын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъалон кӕй нӕ фыстой, уый аххосӕй Дзӕуджыхъӕуы цыппар маршрутӕн сӕ лицензитӕ байстой
🔻 Иуӕй-иу бӕлццӕттӕласджытӕн сӕ лицензи байсыны тыххæй Дзӕуджыхъӕуы администрацийы курдиат Арбитражон тӕрхондон банымадта растыл. Уыимӕ ма 1, 5, 10 ӕмӕ 22 маршруттӕ монополиты ныхмӕ регионон управленийы домӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ сӕ фиппаинӕгты сӕрты ахызтысты.
Монополиты ныхмӕ республикон управленийӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй 2021 азы горӕты транспорты управлени маршрутты хицӕуттимӕ бадзырд фӕдӕргъвӕтин кодта, кӕд транспортон куыстуӕттӕ хӕстӕ дардтой, уӕддӕр.
💬 «Уыцы уынаффӕ ӕнӕзакъон уыд ӕмӕ сæ тӕрхондонмӕ æркодта», — загътой ведомствойы.
➡️ Хӕстӕгдӕр рӕстӕг Дзӕуджыхъӕуы администраци сараздзӕн конкурс. Чи зоны, расайдзӕн, бӕлццӕттӕласӕн компанитӕ кӕй аивдзысты, уымӕ. Монополиты ныхмӕ службӕйы куыд нымайынц, афтӕмӕй ахӕм ивддзинӕдтӕ хъуамӕ транспорты куыст фӕхуыздӕр кӕной. Сӕйрагдӕр та хъуамæ бӕлццӕттӕ ӕхсӕнадон транспортӕй уой разы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Монополиты ныхмӕ республикон управленийӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй 2021 азы горӕты транспорты управлени маршрутты хицӕуттимӕ бадзырд фӕдӕргъвӕтин кодта, кӕд транспортон куыстуӕттӕ хӕстӕ дардтой, уӕддӕр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ӕлдаттаты Иринӕйы хъуыддагмӕ кӕсдзысты Советон тӕрхондоны
🔻 Цӕгат Ирыстоны Пенсион фонды хицауы раздӕры хӕдивӕг Ӕлдаттаты Иринӕйы хъуыддагмӕ ӕркӕсдзысты горӕты Советон тӕрхондоны. Гӕххӕттытӕ радтой тӕрхонгӕнӕгмӕ, фыццаг ӕмбырд кӕд уыдзӕн уый бӕрӕг нӕма у.
Ӕлдаттыты Иринӕйы азымджын кӕнынц стыр гӕртам исынӕй. Ӕдасдзинады федералон службӕйы управленийы хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, сылгоймаг Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн рафыста 500 милуан сомы бӕрц социалон фиддонтӕ. Ахӕм «ӕххуысы» тыххӕй йын радтой 1,5 милуан сомы.
➡️ Ацы хъуыддаджы ма гуырысхо кодтой сылгоймаджы раздæры къухдариуæггæнæг, республикӕйы Пенсион фонды раздӕры хицау Исахъты Олегыл. Нæлгоймаджы банымадтой ӕнаххосыл ӕмӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой.
📄 Ӕлдаттаты Иринӕ Пенсион фонды куыста 2009 азӕй фӕстӕмӕ. Фӕстӕдӕр уыдис республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады администрацийы адӕмы курдиӕттимӕ кусӕг управленийы хицау. 2023 азы октябры Ӕлдаттаты Иринӕйы сфидар кодтой регионы муниципалон иугонды Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы ӕххӕстбарджын минӕварӕй. «Сапӕ» куыд фыста, афтæмæй фарон барвӕндонӕй йӕ куыст ныууагъта.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Ӕлдаттыты Иринӕйы азымджын кӕнынц стыр гӕртам исынӕй. Ӕдасдзинады федералон службӕйы управленийы хъусынгӕнинагмӕ гӕсгӕ, сылгоймаг Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн рафыста 500 милуан сомы бӕрц социалон фиддонтӕ. Ахӕм «ӕххуысы» тыххӕй йын радтой 1,5 милуан сомы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы тӕрхон кӕндзысты, 251 милуан сомы хъалонтӕ чи нӕ бафыста, ахӕм амалгӕнӕгыл
🔻 Слестгӕнджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй рог хӕдтулгӕтӕ уӕйгӕнӕг организацийы генералон директор хъалонисӕн службӕмӕ лӕвӕрдта мӕнг гӕххӕттытӕ. Ома, бавдыста-иу сæм, цы ауӕй кодта, уымӕй дзӕвгар къаддӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ. Афтӕмӕй 2019 азӕй 2022 азмӕ йӕхицӕн «сфӕстауӕрц» кодта ӕмӕ хъалонтӕ нӕ бафыста 250 милуан сомӕй фылдӕр.
➡️ Хъуыддаг балӕвӕрдтой тӕрхондонмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — мин.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы хӕдзары цур лӕууӕг машинӕтӕ хъыгдарынц бырӕттӕласӕн машинӕты
🔻 Коммуналон службӕты кусджыты бон дыууӕ хатты бахъӕуы Карл Марксы ӕмӕ Митькины уынгты тигъмӕ цӕуын. Сӕвӕрдтой дзы ног, ӕрдӕгмӕ зӕххы бын чи ис, ахӕм быронӕмбырдгӕнӕн. Фӕлӕ уынджы машинӕтӕ кӕй лӕууы, уый аххосӕй сӕ бон контейнермӕ бацӕуын нӕ вӕййы, хъаст кӕны куыстуат «Эра»-йы хицау Цхуырбаты Георгий.
💬 «Машинӕ бордюрмӕ батӕрын нӕ бон нӕу, 15 милуан сомы аргъ у. Цалынмӕ машинӕтӕ нӕ ацӕуой, уӕдмӕ нӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕуы, кӕнӕ та дыккаг хатт ӕрбацӕуын. Уымӕй уӕлдай нӕ бӕлӕсты къалиутӕ тынг фӕхъыгдарынц. Алыггӕнӕн сӕ цӕуылнӕ ис? Ууыл ныхас кодтам цӕрӕнуӕтты коммуналон хӕдзарады министрад ӕмӕ горӕты администрациимӕ. Фӕкӕсынӕй нын зӕрдӕ бавӕрдтой», — зӕгъы Цхуырбаты Георгий.
Зындзинӕдтӕ сын ӕвзарын кӕны Къостайы проспекты 224 хӕдзары цур контейнер. Уырдӕм та уыцы иу цыдӕн дыууӕ машинӕйӕ ацӕуынц. Сӕ иу контейнер раафтид кӕны, иннӕ та, амалгӕнджытæ цы бырӕттӕ раппарынц, уыдон ӕмбырд кӕны ӕмӕ сӕ аласы. Фӕлӕ сӕм амалгӕнджытӕм фиппаинӕгтӕ нӕй.
➡️ Цхуырбаты Георгий ма бафиппайдта, быронӕппарӕн бынӕтты цы стыр бырӕттӕ аппарынц, уыдонӕн ног контейнертӕ кæй ницы баххуыс кӕндзысты. Хъӕуы сын сӕрмагонд бынӕттӕ самал кӕнын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Зындзинӕдтӕ сын ӕвзарын кӕны Къостайы проспекты 224 хӕдзары цур контейнер. Уырдӕм та уыцы иу цыдӕн дыууӕ машинӕйӕ ацӕуынц. Сӕ иу контейнер раафтид кӕны, иннӕ та, амалгӕнджытæ цы бырӕттӕ раппарынц, уыдон ӕмбырд кӕны ӕмӕ сӕ аласы. Фӕлӕ сӕм амалгӕнджытӕм фиппаинӕгтӕ нӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы футболон манежы арӕзтады фӕмард 18-аздзыд лӕппу
🔻 Ӕрыгон кусӕг ӕрхауд ӕхсӕзӕм уӕладзыджы бӕрзӕндӕй, хъусын кӕнынц «Сапӕ»-йӕн. Ольгинскӕйаг лӕппу дзы октябрӕй фӕстӕмӕ куыста, фӕлӕ йемӕ бадзырд фыст нӕ уыд.
➡️ 28 январы лӕппу ӕмӕ ма иу кусӕг уыдысты объекты. Йӕ сӕр бамбӕрзынӕн уӕлейæ лыг кодтой згъӕр царӕмбӕрзӕнтӕ. Лӕппу йыл куы слӕууыд, уӕд уыцы бӕрзӕндӕй зӕххмӕ ӕрхауд. Ныртӕккӕ хъуыддаг иртасынц барадхъахъхъӕнджытӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Мӕздӕджы куыдзы чи ӕхста ӕмӕ йӕ чи фӕсахъат кодта, уыдоныл байгом кодтой уголовон хъуыддаг
🔻 Ӕнӕзонгӕ адӕм январы цуанӕтты топпӕй Мӕздӕджы фехстой куыдзы. Цӕфӕй йӕ ссардтой Полевойы уынджы. Йӕ къӕхтæ уыдысты пырх, иу раззаг ӕмӕ иу фӕстаг къах айсын бахъуыд. Йӕ аирвӕзын кӕныныл кусынц зооволонтертӕ.
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй барадхъахъхъӕнджытӕ уголовон хъуыддаг гом кӕнын нӕ фӕнд кодтой. Фӕлӕ прокуратурӕ семӕ не сразы — цӕрӕгоимӕ сӕхи ӕгъатыр кӕй дардтой, уый тыххӕй фыдгæнджытыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
Зооволонтерты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм цаутӕ стӕм хатт ӕрцӕуынц.
💬 «Стъалытӕ кӕй нӕ хъӕуы. Ахӕм цауы тыххӕй та дын стъалы ничи ратдзӕн. Стӕй ахӕм хъуыды ныффидар, зӕгъгӕ, куыдз ӕмӕ куыдз, чидӕр ӕй фехста, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ вӕййы афтӕ, ӕмӕ ӕхсгӕ куыдзы кӕнынц, нӕмыг та, йӕ рӕзты чи цыд, уыцы адӕймагыл суадис. Ӕз волонтерӕй бирӕ азты кусын, фӕлӕ ахӕм цауимӕ дыккаг хатт сӕмбӕлдтӕн. Фыццаг хатт, удӕгас куыдзӕн йӕ къӕдзил, хъустӕ куы алыг кодтой ӕмӕ ма йын йӕ цӕст куы скъахтой, уыцы цауы фӕдыл»,— радзырдта «Сапӕ»-йӕн Валерия Лебедева.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй барадхъахъхъӕнджытӕ уголовон хъуыддаг гом кӕнын нӕ фӕнд кодтой. Фӕлӕ прокуратурӕ семӕ не сразы — цӕрӕгоимӕ сӕхи ӕгъатыр кӕй дардтой, уый тыххӕй фыдгæнджытыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
Зооволонтерты ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм цаутӕ стӕм хатт ӕрцӕуынц.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Баххæст кæн Чеховы цитатæ, æцæг аивадон уацмыс цавæр хъуамæ уа, уый фæдыл: «Æппæт уацмыстæ дих кæнын дыууæ къордыл: ... Æндæр критериум мæм нæй»
Anonymous Quiz
29%
Мæ зæрдæмæ чи цæуы æмæ чи нæ цæуы, уыдоныл
11%
Царды лыстæг хабæрттæ равдисынхъом чи у æмæ чи нæу, уыдоныл
40%
Адæймаджы ныфс чи бауадзы æмæ йын йæ ныфс чи байсы, уыдоныл
20%
Курдиаты гакк кæуыл зыны æмæ кæуыл нæ зыны, уыдоныл
Цӕгат Ирыстоны депресситы ныхмӕ хосты базарад фӕстаг фондз азмӕ схызт ӕппӕты бӕрзонддӕр бӕрӕггӕнӕнтӕм
🔻 2024 азы республикӕйы ауӕй кодтой антидепрессантты 56,5 мин къоппы. Кӕд 2020 азы ахӕм хостӕ 27,3 мин къоппы ауӕй кодтой, уӕд фарон та дыууӕ хатты фылдӕр уыдысты, фехъусын кодтой «Сапӕ»-йӕн маркетинджы агентад DSM Group-ы.
Уыимӕ фарон хосты иумӕйаг аргъ уыд 44,9 милуан сомы. Фӕстаг фондз азмӕ у ӕппӕты фылдӕр бӕрц. 2020 азимӕ абаргӕйӕ, 2,8 хатты фылдӕр.
➡️ Компанийы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, уӕрӕсейӕгтӕ сӕ психикон ӕнӕниздзинадмӕ фылдӕр ӕргом здахын райдыдтой. Депресситы ныхмӕ хосты базарад та Уӕрӕсейы фӕхӕццӕ кӕны Европӕ ӕмӕ Америкæйы бӕрӕггӕнӕнтӕм.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уыимӕ фарон хосты иумӕйаг аргъ уыд 44,9 милуан сомы. Фӕстаг фондз азмӕ у ӕппӕты фылдӕр бӕрц. 2020 азимӕ абаргӕйӕ, 2,8 хатты фылдӕр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Алани»-йы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Нури Абдоков ацыд «Нефтехимик»-мӕ
🔻 Нури «Алани»-йы хъазыд фарон сӕрдӕй. Акодта 20 матчы, бакъуырдта дыууӕ голы. Сарӕзта иу ассист.
💬 «Бузныг, Нури. Дӕ дарддӕры куыст ӕнтыстджын уӕд», — фыссы «Алани» йӕ социалон хызӕгты.
➡️ Уыцы иу рӕстӕг Дзӕуджыхъӕуы командӕмӕ ӕрбацыд цыппар ног ӕрыгон футболисты. «Алани»-имӕ бадзырдтӕ бафыстой 22-аздзыд размӕбырсӕг Гогниты Руслан, 22-аздзыд ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Артем Закиров, 23-аздзыд ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Хъӕрджынты Георгий ӕмӕ 24-аздзыд ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Данил Казанцев.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Сӕ гӕххӕттыты ӕмгъуыд кӕй фӕцис, уый тыххӕй Дзӕуджыхъӕуы фондз маршруты абон куыстмӕ нӕ рацыдысты
🔻 Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ Ространснадзоры рейды рӕстӕг куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй 15, 18, 19 ӕмӕ 26-ӕм маршруттӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг куыстой ӕнӕ бардӕттӕг гӕххӕттытӕй.
Сӕ гӕххӕттытӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нæ уыдысты, уый тыххӕй «Фаэтон»-ы фӕивар кодтой. Цалынмӕ сӕ документтӕ нывыл не скӕной, уӕдмӕ сын маршруттыл кусыны бар нӕй. Ространснадзоры «Сапӕ»-йӕн куыд загътой, афтӕмӕй знон 19 маршрутӕн сфидар кодтой санкцитӕ.
Горӕты транспорты управленийы куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй ӕвдисӕндар райсынӕн бӕлццӕттӕласӕн компани ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ афоныл нӕ бацӕттӕ кодта, кӕд сын цалдӕр хатты хъусын кодтой, уӕддӕр.
«Фаэтон»-ы минӕвӕртты ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрды скодтой рӕстӕгмӕ гӕххӕттытӕ — 180 бонмӕ. Уыцы ӕмгъуыдмӕ хъуамӕ, конкурс ацӕугӕйӕ, райстаиккой ногтӕ. Горӕты администраци конкурсы хатдзӕгтӕ фехъусын кодта декабры кӕрон. «Фаэтон» дзы рамбылдта, фӕлӕ уӕдмӕ сӕ бардӕттӕг гӕххӕттыты ӕмгъуыд фӕцис. 90 бонмӕ та сӕ хъуыд сӕ транспорт ӕркастмӕ арвитын.
💬 «Фыццаг уал алцыдӕр бацӕттӕ кодтам 35-ӕм маршрутӕн. Цӕмӕдӕр гӕсгӕ нӕ цыфӕнды лыстӕг хъуыддӕгты тыххӕй дӕр тыхсын кодтой. Стӕй нын нӕ гӕххӕттытӕ монополиты ныхмӕ службӕмӕ арвыстой. Уым та нын дзуапп радтой, зӕгъгӕ, администрацийы домӕнтӕ ӕнӕзакъон сты. Цыма хъуыддаг барӕй дӕргъвӕтин кодтой, уыйау. Иннӕ маршруттӕн ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕ бацӕттӕ кӕнын нӕ бон, ай-гъайдӕр, нӕ баци», — радзырдта «Фаэтон»-ы хицау Рустам Гамидов .
Монополиты ныхмӕ службӕйӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй горӕты администраци 35-ӕм маршруты «Фаэтон»-ы архайд ӕнӕзакъоныл раст банымадта. Цыппар машинӕйӕн сӕ VIN-тӕ раст амынд не 'рцыдысты, иннӕ машинӕйӕн та йӕ рауагъды азы рӕдыд уыд, фӕлӕ иннӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ фыстытӕ уыдысты раст. Уымӕ гӕсгӕ сын бӕлццӕттӕ ласыны бар уыд. Ныр монополиты ныхмӕ службӕ горӕты администрацийӕн бахӕс кодта ӕппӕт аиппытӕ аиуварс кӕнын.
«Фаэтон» ма лӕггад кӕны 32-ӕм маршруты бӕлццӕттӕн. Уый та сӕрдӕй ӕнӕзакъонӕй куыста, рӕстӕгмӕ ӕвдисӕндар дӕр ӕм нӕ уыд. Фӕлӕ сӕ горӕты транспорты управлени куырдта рацӕуын ӕмӕ адӕмы пайдайӕн кусын.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Сӕ гӕххӕттытӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нæ уыдысты, уый тыххӕй «Фаэтон»-ы фӕивар кодтой. Цалынмӕ сӕ документтӕ нывыл не скӕной, уӕдмӕ сын маршруттыл кусыны бар нӕй. Ространснадзоры «Сапӕ»-йӕн куыд загътой, афтӕмӕй знон 19 маршрутӕн сфидар кодтой санкцитӕ.
Горӕты транспорты управленийы куыд ӕмбарын кӕнынц, афтӕмӕй ӕвдисӕндар райсынӕн бӕлццӕттӕласӕн компани ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ афоныл нӕ бацӕттӕ кодта, кӕд сын цалдӕр хатты хъусын кодтой, уӕддӕр.
«Фаэтон»-ы минӕвӕртты ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрды скодтой рӕстӕгмӕ гӕххӕттытӕ — 180 бонмӕ. Уыцы ӕмгъуыдмӕ хъуамӕ, конкурс ацӕугӕйӕ, райстаиккой ногтӕ. Горӕты администраци конкурсы хатдзӕгтӕ фехъусын кодта декабры кӕрон. «Фаэтон» дзы рамбылдта, фӕлӕ уӕдмӕ сӕ бардӕттӕг гӕххӕттыты ӕмгъуыд фӕцис. 90 бонмӕ та сӕ хъуыд сӕ транспорт ӕркастмӕ арвитын.
Монополиты ныхмӕ службӕйӕ куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй горӕты администраци 35-ӕм маршруты «Фаэтон»-ы архайд ӕнӕзакъоныл раст банымадта. Цыппар машинӕйӕн сӕ VIN-тӕ раст амынд не 'рцыдысты, иннӕ машинӕйӕн та йӕ рауагъды азы рӕдыд уыд, фӕлӕ иннӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ фыстытӕ уыдысты раст. Уымӕ гӕсгӕ сын бӕлццӕттӕ ласыны бар уыд. Ныр монополиты ныхмӕ службӕ горӕты администрацийӕн бахӕс кодта ӕппӕт аиппытӕ аиуварс кӕнын.
«Фаэтон» ма лӕггад кӕны 32-ӕм маршруты бӕлццӕттӕн. Уый та сӕрдӕй ӕнӕзакъонӕй куыста, рӕстӕгмӕ ӕвдисӕндар дӕр ӕм нӕ уыд. Фӕлӕ сӕ горӕты транспорты управлени куырдта рацӕуын ӕмӕ адӕмы пайдайӕн кусын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы хъалонисӕн инспекторы ӕрцахстой гӕртам райсыны тыххӕй
🔻 Цӕгат Ирыстоны хъалонисӕн инспекцийы хайӕдтӕй иуы кусӕг К. Сосланы азымджын кӕнынц гӕртам исынӕй. Ныртӕккӕ ис ахст адӕмы рӕстӕгмӕ дарыны изоляторы.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, «ӕххуыс кодта» амалгӕнджытӕн. Ахӕм фӕмлӕнзӕрдӕ уыд, ӕмӕ сын сӕ декларациты мӕнг бӕрӕггӕнӕнтыл ӕмӕ сӕ куысты аипдзинӕдтыл йӕ къуых ауыгъта. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй нӕлгоймаг йӕ аххосыл басаст.
➡️ Нырма уал уголовон хъуыддаг байгом кодтой иу цаумӕ гӕсгӕ — ацы хатт ӕхца домгӕ кодта. Ӕдӕппӕтӕй рабӕрӕг 14 гӕртам исыны цауы, афтӕмӕй инспектор 1 милуан сомӕй фылдӕр йӕхи бакодта. Ныртӕккӕ ма барадхъахъхъӕнджытӕ иртасынц ноджы дыууӕ хъуыддаджы. Ӕхца инспекторӕн ӕрвыстой йӕ банчы картӕмӕ.