Telegram Group Search
Мӕскуыйы колледжы рауагъдон национ уӕлӕдарӕсы бындурыл сарӕзта нырыккон хуызы конд дзаумӕтты коллекци

🔻Национ орнамент ӕмæ ног хуызы конд нырыккон комбинезон ӕмӕ дыууӕ къабайы — Пораты Аланӕйы дипломон куыст дисы бирӕты бафтыдта. 19-аздзыд чызг у Косыгины номыл колледжы рауагъдон.

💬 «Мӕскуыйы райгуырдтӕн ӕмӕ цӕрын, фӕлӕ ирон адӕммӕ цы хъӕздыг культурон бынтӕ ис, уый зонын. Уымӕ гӕсгӕ мӕ бафӕндыд сӕ равдисын ӕмӕ се 'ппӕт ирон национ уӕлӕдарӕсы ӕмӕ орнаменты аивдзинад ӕмӕ рӕсугъддзинад куыд феной», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Пораты Аланæ.

Аланӕ йӕ дипломон куыст кӕд нӕма бахъахъхъӕдта, уӕддӕр йӕ коллекцийы нывтӕ интернеты апарахат сты. Алкӕмӕ иу цӕстӕнгас нӕй.

💬 «Чидӕртӕ йӕ раст нӕ бамбӕрстой ӕмӕ мын уый тынг хъыг у. Мӕ нысан у мӕ адӕмыхатты культурӕ парахат кӕнын. Фӕлӕ нырыккон хуызы. Национ къаба, разгӕмттӕ не сты, фӕлӕ нӕхи нывӕфтыдтимӕ нырыккон уӕлӕдарӕс. Фӕндыд мӕ ӕнахуыр, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм дзаумӕттӕ скӕнын ӕмӕ сӕ дизайнертӕн равдисын, уымӕн ӕмӕ ирон уӕлӕдарӕс аив ӕмӕ рӕсугъд у», — зӕгъы Аланæ.

Цалынмӕ иутӕ коллекцийыл фаутӕ ӕвӕрынц, уӕдмӕ иннӕтӕ дисы бацыдысты.

💬 «Хуыйӕг мын мӕ хъуыды ацахста ӕмӕ йӕ сӕххӕст кодта. Мӕймӕ уӕлӕдарӕс бахуыдтам, фӕлӕ фӕйнӕ йеддӕмӕ не сты. Бирӕ адӕмы зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыдысты, уый мын ӕхсызгон у ӕмӕ мын ног тыхтӕ дӕтты», — дзуры коллекци саразӕг.

➡️ Аланӕ нырма ӕртӕ дзаумайы йеддӕмӕ нӕ бацӕттӕ кодта, фӕлӕ йӕ зӕрды ис коллекци фӕфылдӕр кӕнын.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Фондз адӕймаджы фӕмард сты Цӕгат Ирыстоны фӕндӕгтӕй иуыл

🔻Фӕндагон фыдбылыз ӕрцыд 14 сахатмӕ 'ввахс Дзуарыхъӕуӕй Архонкӕмӕ фӕндагыл. Tivoli-мӕ хӕстӕг кӕрӕдзийы скъуырдтой  «Приора» ӕмӕ «Жигули». Мидхъуыддӕгты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕртӕ адӕймаджы бынаты фӕмард сты, цыппарӕй та уӕззау уавӕры сты.

➡️ «Сапӕ»-йы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕндагон фыдбылызы бахауджытæн се 'ппӕтыл дӕр 30 азы онг цӕуы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Олимпаг хъæзтытæ кæцы континентыл никуыма уыдысты?
Anonymous Quiz
7%
Хуссар Америкæйы
3%
Евразийы
22%
Австралийы
67%
Африкæйы
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — цӕф.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уарзоны мынæг хъæлæс — сармадзаны хъæрæй тыхджындæр

🔻1941 азы суинаг радистты къорд цыдис фронтмæ. Семæ уыд Егозина Нинӕ дæр. Ахуыр кодта радиобастдзинады техникумы æмæ нымад уыд æнтыстджындæр студентыл. Уæззау балцы ацæуыны размæ чызджыты къордмæ иу цигайнаг æрбауырдыг, дæсны уын бафæрсон, зæгъгæ. Нинӕйæ фæстæмæ иууылдæр сразы сты, цигайнаг та хивæнд чызджы фæдыл ахъæр кодта: «Хæстæй æрмæст ды сыздæхдзынæ, де 'мбæлттæ нæ аирвæздзысты. Фронты сæмбæлдзынæ дæ иунæг уарзтыл — сауцæст лæппуйыл». Нинӕ уыцы ныхæстæ ницæмæ 'рдардта: хæсты та уарзтмæ кæй февдæлы?

📄1942 азы чызг æрвыст æрцыд Белоруссимæ, знаджы фæсчъылдым архайæг партизантæм. 17-аздзыд Нинӕ Егозина разынд æнахуыр хъару æмæ фæразондзинады хицау. Удуæлдай æмæ хъæбатырæй æххæст кодта йæ хæс — иуварс кодта радиобастдзинады къуылымпытæ. Иу бон штабмæ хъусынгæнинаг æрвитынмæ ацыд. Лагерæй 100 метры адард, афтæ гуыпп фæцыд. Фæстæмæ куы атындзыдта, уæд фæудаист: йе 'мбæлтты мардæй æрбаййæфта. Хæстон операцимæ кæй цæттæ кодтой, уыцы хиконд минæтæй иу спырх æмæ сæ гæбазгай фæкодта. «Цигайнаджы ныхас сæххæст», — ахъуыды кодта Нинӕ.

Мидхъуыддæгты адæмон комиссарады чызгимæ иумæ службæ кодта 24-аздзыд ирон лæппу Созайты Хъазыбег. Уыдис Дигорайы скъолайы директор æмæ историйы ахуыргæнæнæг, фæлæ йæ лæдзæджы бæсты йæ къухмæ автомат райсын бахъуыд. Хъæбатыр æмæ æфсæрмдзæстыг лæппу бирæ рæстæг Нинӕмæ бацæуын нæ уæндыд, фæлæ йемæ фыццаг хатт куы сныхас кодта, уæд бамбæрста: йæ зæрдæйæ никуыуал сцух уыдзæн. Ирыстоны йæм куырдуаты цы чызг бадти, уый раз дæр кæд йæхи аххосджыныл нымадта, йæ бинонтæ йæм кæй хæцдзысты, уый дæр кæд æмбæрста, уæддæр Нинайы ауадзынвæнд нал кодта.

Хæст куы ахицæн, уæд Созайты Хъазыбег æмæ Нинӕ Егозинайы риутæ дзаг уыдысты алыхуызон хорзæхтæй. Уыдоны 'хсæн уæлдай бæрæг дардта иу — уарзт. Стыр Уæлахиз бæрæг кодтой сæ чындзæхсæвæй. Æмудæй фæцардысты 48 азы.

#таурӕгъ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Сиукъаты Тамерлан — «Хъӕлдзӕг куплеттӕ»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уырыссаг театр йӕ спектакльтӕ равдисдзӕн Беларусь, Смоленск ӕмӕ Мӕскуыйы

🔻Гастрольтӕ райдайдзысты октябры. Фыццаг уал бабӕрӕг кӕндзысты Витебск, уым равдисдзысты ӕртӕ спектаклы – «Иван Васильевич», «Любовные игры Сары и Элеоноры» ӕмӕ «Зануда».

💬 «Октябры фыццаг бонты Ирыстонмӕ ссӕудзӕн Якуб Коласы номыл драмон театр, мӕйы ӕмбисы та мах ацӕудзыстӕм Беларусьмӕ. Уырдӕм фыццаг хатт цӕуӕм ӕмӕ нын Беларусимӕ ӕмгуыстад тынг ахсджиаг у», — радзырдта театры аивадон разамонӕг Владимир Уваров.

Уӕлдӕр ранымад спектакльтӕй уӕлдай Смоленскы не 'мзӕххонтӕ равдисдзысты аргъау «Летучий корабль». 20-ӕм октябры фӕстӕ та труппӕ ацӕудзӕн Мӕскуымӕ «Театр на Трубной»-мӕ. Равдисдзысты дзы «Иван Васильевич» ӕмӕ «Любовные игры Сары и Элеоноры».

💬 «Хьуыстгонд театр у. Ам стыр артисттӕ куыстой ӕмӕ кусынц: Веденеева, Проклова, Шульга, Мохов. Ахӕм хъуыстгонд адӕмимӕ иу сценӕйыл уыдзыстӕм мах дӕр. Ацы театры дӕр гастрольты фыццаг хатт стӕм», — загъта Уваров.

➡️ «Театр на Трубной» та Дзӕуджыхъӕуы уыдзӕн 18-24 июны. Ирыстойнаг аивадуарзджытӕн равдисдзысты «Тетка Чарлея», «Чужой ребенок», «Однажды», «Безумные влюбленные» ӕмӕ «Семейный шкаф и его обитатели».

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: нæ бæласыл иунæг сыф зайы
Anonymous Quiz
51%
Уидыг
13%
Цæджындз
18%
Нартхор
18%
Æнцойгæнæн лæдзæг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Марфуша ӕмӕ Настенькӕйы нӕ сабибонтӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Сӕ дӕнцӕгтыл-иу нӕ ахуыр кодтой, хорз чызг цавӕр вӕййы, цы миниуджытыл хӕст ӕмӕ а. д. Ныры кӕстӕртӕм куы хъусай, уӕд уыдон та ныры цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ кӕрӕдзийы афӕрсынц аргъауы хъайтартӕй, рӕсугъддӕр сӕ чи у, зӕгъгӕ. Сымах та уе 'ргом цӕмӕ здахут?

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Хуыгаты Кристинӕ — «Мӕ зӕрдӕ»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
2025/06/30 06:32:45
Back to Top
HTML Embed Code: