Францы цӕрӕг ирыстойнаг чызг ӕрхъуыды кодта комикс ирон ӕвзагыл
🔻 Гӕбӕраты Алинӕ цӕры фӕсарӕнты ӕмӕ у францаг ӕвзаджы ахуыргӕнӕг. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ лӕппу Даниял дзура иронау, фӕлӕ мадӕлон ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн интернеты ӕрмӕджытӕ кадавар уыдысты. Уӕд сфӕнд кодта аргъӕуттӕ исын ӕмӕ йӕ фыртӕн ахуырадон ӕрмӕджытӕ кæнын. Комиксыл та дыууӕ азы размӕ кусын райдыдта.
💬 «Арӕзт у Кавказаг хӕсты сюжетыл. Йӕ сӕйраг хъайтартӕ сты Даниял æмæ Мансур. Фыццаг мӕ фӕндыд Даниялӕн аргъау ныффыссын ӕмӕ йын йӕ фыдӕлты кой ракӕнын, уымӕн ӕмӕ ирон мухаджирты фӕдон у. Мӕ зӕрды уыд, цӕмӕй сын сӕ истори хъазты хуызы базона, уыимӕ ирон ӕвзагыл», — радзырдта Алинӕ.
Сюжетмӕ гӕсгӕ Даниял æмæ Мансур бахаудысты ивгъуыд ӕнустӕм ӕмӕ фембӕлдысты Къуындыхаты Муссӕимӕ. Уый та уыцы рӕстӕджы баззад, йӕ хъама цалдӕр дихы кӕй фӕци, уый аххосӕй. Лӕппутӕ райдыдтой хъамайы хӕйтты агурын. Ис сын амонӕнтӕ дӕр, фӕлӕ уал раздӕр хъӕуы Кавказаг хӕсты тыххӕй фарстытӕн дзуапп радтын. Хӕсты хъайтарты тыххӕй ӕрмӕджытӕ та базонынц блогертæй, мысинӕгтæй ӕмӕ сывӕллӕтты журналӕй. Зӕгъӕм, Коцты Бегайы тыххӕй уац Алинӕ ӕмӕ Даниял кастысты «Ногдзау»-ы.
💬 «Мӕ зӕрды уыд ивгъуыд ӕмӕ ныры рӕстӕг баиу кӕнын ӕмӕ сӕ бӕлвырд цаутыл бабӕттын. Зӕгъӕм, мӕ сӕрыхицау ныр цалдӕр азы агуры йӕ фыдӕлтӕй иуы, Кодзырты Идрисы, хъама. Фесӕфтис, къам дӕр ын нал баззад, ӕрмӕст хистӕрты мысинӕгтӕ. Уыдонмӕ гӕсгӕ нӕхӕдӕг дӕр агурӕм», — дзуры Алинӕ.
➡️ Сюжет ӕххӕстӕй дӕр хъамайыл арӕзт у. Хонгӕ дӕр ӕй афтӕ скодта — «Хъама» («Кинжал»).
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Сюжетмӕ гӕсгӕ Даниял æмæ Мансур бахаудысты ивгъуыд ӕнустӕм ӕмӕ фембӕлдысты Къуындыхаты Муссӕимӕ. Уый та уыцы рӕстӕджы баззад, йӕ хъама цалдӕр дихы кӕй фӕци, уый аххосӕй. Лӕппутӕ райдыдтой хъамайы хӕйтты агурын. Ис сын амонӕнтӕ дӕр, фӕлӕ уал раздӕр хъӕуы Кавказаг хӕсты тыххӕй фарстытӕн дзуапп радтын. Хӕсты хъайтарты тыххӕй ӕрмӕджытӕ та базонынц блогертæй, мысинӕгтæй ӕмӕ сывӕллӕтты журналӕй. Зӕгъӕм, Коцты Бегайы тыххӕй уац Алинӕ ӕмӕ Даниял кастысты «Ногдзау»-ы.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Аивадуарзджытӕ Фидараты Тамарӕйы хъӕлӕс никӕимӕ фæхӕццӕ кӕндзысты. Абон уын цы зарӕг ӕвдисӕм, уый та ирон музыкалон хӕзнадонмӕ хаст ӕрцыд. Уӕдӕ рӕсугъд зарӕгмӕ хъусын ӕмӕ, 70-80 азты Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ йӕ адӕм цавӕр уыдысты, уый фенын цалдӕр хатты ӕхсызгондӕр у. Архивон кадртӕм кӕсын та цыфӕнды афон цымыдисаг куыд нӕ вӕййы.
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#аивады_хӕзнадон
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссарирыстойнаг пастила райдыдтой маркетплейсты уӕй кӕнын
🔻 Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта компани «Субира АВ»-йы хицау Пӕррӕстаты Уырызмӕг. Нырма уал балхæнӕн ис пастилайы дыууӕ хуызы.
💬 «Ныртӕккӕ нӕ продукци уӕй кӕнӕм Wildberries-ы. Кусӕм ӕмӕ ныхас кӕнӕм, цӕмӕй йӕ "Озон", "Яндекс Маркет" ӕмӕ "Самокат"-ы балхӕнӕн уа, ууыл», — зӕгъы куыстуаты хицау.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд хъӕуа, уӕд продукцийы рауагъд фӕфылдӕр кӕндзысты, æлхӕнджытӕ цас уа, уымӕ гӕсгӕ.
➡️ Дыргъты ӕмӕ халсарты куыстгӕнӕг завод Присы цур арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы инвестицион программӕйы ӕххуысӕй. Кадджын уавӕры йӕ байгом кодтой 2024 азы октябры, мадзалмӕ ссыд Уӕрӕсейы экономикӕйы рӕзты министр Дмитрий Вольвач. 2025 азы та æппӕтдунеон равдыст «ПРОДЭКСПО»-йы дегустацион конкурсы «Субира АВ»-йы пастилайӕн иттӕг хорз хъӕрзхъӕддзинады тыххӕй саккаг кодтой сызгъӕрин майдан.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд хъӕуа, уӕд продукцийы рауагъд фӕфылдӕр кӕндзысты, æлхӕнджытӕ цас уа, уымӕ гӕсгӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы скъолаты скуыстой фӕлладуадзӕн лагертӕ
🔻 Лагертӕ кусынц горӕты 39 скъолайы, баулӕфдзысты дзы 7 мин сывӕллоны. Скъоладзаутӕн хæринаггӕнӕг комбинат сын бацӕттӕ кодта ног сӕрдыгон меню, ахуыргӕнджытӕ та сын сарӕзтой ирхӕфсӕн, спортивон ӕмӕ культурон программӕ. Лагеры иу фӕлтӕр кусдзӕн 10 боны.
💬 «Кванториумтӕ ӕмӕ спортивон фӕзтӕй уӕлдай сывӕллӕтты лӕвар кӕндзысты музейтӕм ӕмӕ театртӕм», — фехъусын кодта Дзӕуджыхъӕуы администрацийы ахуырады управленийы хицауы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тотойты Наталья.
➡️ Скъолаты лагерты уыдзæн дыууӕ фӕлтӕры — фӕйнӕ 10 боны. Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕм цӕуынц, уыцы ахуыргӕнӕндӕтты минӕвӕрттӕ цӕудзысты сыхаг скъолатӕм.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Мартъийӕ Цӕгат Ирыстоны джыбытӕ фӕхӕцыдысты 400 адӕймагыл
🔻 Мартъийӕ дохтырты ӕххуыс бацагуырдтой 432 адӕймаджы, уыдонӕй 164 — сывӕллӕттӕ. Дӕнцӕгӕн, 2013 азы мартъийӕ июньмӕ уыдысты 2,7 хатты къаддӕр — 157. Ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ «Сапӕ»-йӕн фехъусын кодтой Роспотребнадзор-ы регионон управленийӕ.
Специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон эндемикон регионыл нымад нӕу, ома, джыбыты энцефалит ӕмӕ геморрагион тӕфсӕг дзы нӕ вӕййы. Фӕлӕ джыбыйы хæстæн йæ бон у Лаймы низ кӕнӕ боррелиозмӕ расайын.
📄 Джыбы кӕм фӕхӕцыд, уым буар асырх вӕййы, фӕхӕры, адӕймаг ихӕн фӕкӕны, йӕ зӕрдӕ фӕхӕссы, фӕриссынц стджытӕ ӕмӕ сӕр. Ацы аз боррелиоз никӕмӕ рабӕрӕг.
➡️ Ведомствойы кусджытӕ сидынц адӕммӕ, цӕмӕй сӕхӕдӕг джыбыты буарӕй ма исой, фӕлӕ ӕвӕстиатӕй бацагурой медицинон ӕххуыс, уый фӕстӕ та скӕной анализтӕ. Зӕгъӕм, гигиенӕ ӕмӕ эпидемиологийы центры анализы аргъ у 1,58 мин сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Специалистты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цӕгат Ирыстон эндемикон регионыл нымад нӕу, ома, джыбыты энцефалит ӕмӕ геморрагион тӕфсӕг дзы нӕ вӕййы. Фӕлӕ джыбыйы хæстæн йæ бон у Лаймы низ кӕнӕ боррелиозмӕ расайын.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр сси Юрий Яровицкий
🔻 Уый тыххӕй указ бафыста президент Гаглойты Алан. Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сабанты Инал та сси йӕ фыццаг хӕдивӕг.
▫️ Инӕлар-лейтенант Юрий Яровицкий 1994-1995 азты архайдта Цӕцӕны фыццаг кампанийы;
▫️ 2014-2016 азты уыд Ныгуылӕн ӕфсӕддон зылды танкты 1-аг ӕфсады командыгӕнӕджы фыццаг хӕдивӕг;
▫️ 2016-2020 азты — Балтиаг флоты доныбыл ӕфсӕдты 11 корпусы командыгӕнӕг.
▫️ Сирийы сӕрмагонд хӕслӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кодта, уый тыххӕй 2017 азы Юрий Яровицкий хорзӕхджын ӕрцыд Сыгъдӕг Георгийы IV къӕпхӕны орденӕй. 2019 азы та йын радтой инӕлар-лейтенанты цин.
➡️ Хуссар Ирыстоны раздӕры министр Марат Павлов йӕ куысты бынатӕй ацыд 2024 азы. Министры хӕстӕ ӕххӕст кодта Сабанты Инал.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гепатитӕй рынчынты нымӕц дзӕвгар кӕй фӕфылдӕр, уый Роспотребнадзор нымайы мӕнг хъусынгӕнинагыл
🔻 Интернеты парахат кӕны Уӕрӕсейы сӕйраг санитарон дохтыр Анна Поповайы къухфыстимӕ гӕххӕтт, ома, гепатит А-йæ рынчынтӕ майы тынг бирӕ сты. Уыимӕ дзы регионты разамонджытӕм сидынц эпидемиты ныхмӕ куыст бакӕнын ӕмӕ адӕмӕн иммунизаци скӕнын.
Мӕнг гӕххӕтмӕ гӕсгӕ Краснодары уавӕр афтӕ тӕссаг у, ӕмӕ дзы хъӕуы сӕрмагонд цӕттӕдзинады фӕтк сфидар кӕнын ӕмӕ скъолаты лагертӕ сӕхгӕнын.
Уыцы хъусынгӕнинаг Роспотребнадзор хоны мæнг. Анна Поповайы номӕй никӕмӕ ӕмӕ ницавӕр гӕххӕттытӕ ӕрвыстой.
💬 «Мӕнг информаци у. Се 'ппӕтӕй курӕг стӕм ӕрмӕст официалон сайттӕм кӕсын», — загътой «Сапӕ»-йӕн Роспотребнадзоры республикон управленийы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Мӕнг гӕххӕтмӕ гӕсгӕ Краснодары уавӕр афтӕ тӕссаг у, ӕмӕ дзы хъӕуы сӕрмагонд цӕттӕдзинады фӕтк сфидар кӕнын ӕмӕ скъолаты лагертӕ сӕхгӕнын.
Уыцы хъусынгӕнинаг Роспотребнадзор хоны мæнг. Анна Поповайы номӕй никӕмӕ ӕмӕ ницавӕр гӕххӕттытӕ ӕрвыстой.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ацы цæрæгойтæй уырынгонтæм кæцы НÆ хауы?
Anonymous Quiz
22%
Гæлæбу
10%
Дзынга
26%
Джыбы
43%
Уырынгон та цы у?
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хӕстонты кадӕн
🔻 Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизӕй рацыд 80 азы. Рӕстӕджы уылӕнтӕ семӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ хӕссынц. Ӕнӕивгӕ у иу хъуыддаг — Советон Цӕдисы сырхӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Инӕларӕй салдаты онг сӕ алчидӕр ӕнӕуынонӕй тох кодта знаджы ныхмӕ. Бӕллыд ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста Стыр Уӕлахизы сӕраппонд.
➡️ «Сапӕ»-йы кусджытӕй рох не сты. Бацӕттӕ кодтам нӕхи акци — «Уӕлахиздзаутӕ». Сӕ иу — Кобылты Сергей.
#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — тӕфсӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Кӕм сты? Дзӕуджыхъӕуы мэрийы ранымадтой Доны станцӕйы ирвӕзынгӕнджытӕм домӕнтӕ
🔻 Ныртӕккӕ Доны станцӕйы ис ӕрмӕст цыппар ирвӕзынгӕнӕджы, афтӕмӕй та дзы алы бон сменӕйы хъуамӕ уа 9 адӕймаджы. Кӕй нӕ фаг кӕнынц, ууыл Милдзыхты Вячеслав ныхас кодта республикӕйы сӕргълӕууӕгимӕ аппаратон ӕмбырды. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, аххосаг у гыццыл мызд.
Мэрийы куыд зӕгъынц, афтӕмӕй агурынц, ирвӕзынгӕнӕгӕй кусын кӕй фӕнды, ахӕм нӕлгоймӕгты. Домӕнтӕ сты:
▫️ хъуамæ сыл цæуа 18-30 азы,
▫️ хъуамӕ хорз ленк кӕной,
▫️ сӕ физикон цӕттӕдзинад иттӕг хорз хъуамӕ уа,
▫️ хъуамӕ сӕм уа медицинон чиныг,
▫️ Росспассоюзӕй ирвӕзынгӕнӕджы ӕвдисӕндар.
Ахуыртӕ ацӕуӕн ис Доны станцӕйы дӕр. Сахуыр сӕ кӕндзысты фыццаг медицинон ӕххуыс кӕнын, доны адӕймаджы ирвӕзын кӕнын, техникон фӕрӕзтӕй пайда кӕнын. Кӕронбӕттӕны хатдзӕгтӕм гӕсгӕ хуыздӕртӕн ратдзысты ӕвдисӕндартӕ.
Сывӕллӕтты пляжмӕ куыстмӕ райсдзысты ӕрыгон сылгоймӕгты дӕр.
➡️ Куысты чи ныллӕууа, уыдоны мызд уыдзӕн 35 мин сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Мэрийы куыд зӕгъынц, афтӕмӕй агурынц, ирвӕзынгӕнӕгӕй кусын кӕй фӕнды, ахӕм нӕлгоймӕгты. Домӕнтӕ сты:
Ахуыртӕ ацӕуӕн ис Доны станцӕйы дӕр. Сахуыр сӕ кӕндзысты фыццаг медицинон ӕххуыс кӕнын, доны адӕймаджы ирвӕзын кӕнын, техникон фӕрӕзтӕй пайда кӕнын. Кӕронбӕттӕны хатдзӕгтӕм гӕсгӕ хуыздӕртӕн ратдзысты ӕвдисӕндартӕ.
Сывӕллӕтты пляжмӕ куыстмӕ райсдзысты ӕрыгон сылгоймӕгты дӕр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Ирон театры сценӕйыл фыццаг хатт равдисдзысты «Гыццыл принц»-ы
🔻 Антуан де Сент-Экзюперийы уацмысмӕ гӕсгæ 'вӕрд спектакль цӕттӕ кӕнынц «Золотая маска»-йы лауреаттӕ режиссер Антон Калипанов æмæ композитор Ольга Шайдуллина. Ӕххуыс сын кӕны нывгӕнӕг-ӕвӕрӕг Надежда Скоморохова.
Актертӕ фидаргонд ӕрцыдысты, спектакль хъаздзысты дыууӕ къордӕй. Сӕйраг рольтæ æххæст кæндзысты 9 ӕмӕ 10-аздзыд лӕппутӕ, Уардийы ролы та уыдзӕн 10-аздзыд чызг. Иууылдӕр сты ирон театры арӕзт студийы хъомылгӕнинӕгтӕ.
➡️ Премьерӕ ӕмгъуыд кӕнынц 28 июнмӕ.