This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы доны хӕдзарад байгом кодта фиддонтӕ исӕн дыккаг пункт
🔻 Ӕрбынат кодта Къостайы проспекты 118 бӕстыхайы. Фидӕн бынӕттӕ дзы сты фараст. Доны хӕдзарады хицау Хъараты Тимуры ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстуат сси фиддонты агент. Ома дзы ныр уыцы иу ран бафидӕн ис донӕн, газӕн, электрон тыхӕн, бырӕттӕ ласынӕн ӕмӕ бындурон цалцӕгӕн.
💬 «Ахӕм нырыккон офистӕ нӕ зӕрды ис ӕппӕт республикӕйы байгом кӕнын — 2026 азы кӕронмӕ иу-дыууын фондз. Дарддӕр та кусдзыстӕм районты дӕр. Адӕмы ӕнцойдзинадӕн уым дӕр байгом кӕндзыстӕм фиддонтӕ исӕн офистӕ», — радзырдта Хъараты Тимур.
Офисы райсӕн уыдзӕн дзуапп техникон уавӕры, фиддонты, бадзырдты тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр фарстатӕн.
💬 «Мӕйы фӕстӕ ма Тамайы-фырты уынджы байгом кӕдзыстӕм иу стыр офис. Афӕдзы кӕронмӕ та ма горӕты алы районты ноджы уыдзӕн фондз пункты», — зӕгъы доны хӕдзарады хицау.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Офисы райсӕн уыдзӕн дзуапп техникон уавӕры, фиддонты, бадзырдты тыххӕй ӕмӕ ӕндӕр фарстатӕн.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Змис-хуыры ӕнӕзакъон куыстгӕнджытимӕ тох кӕнынӕн «Зеленая Алания» бацагуырдта президенты ӕххуыс
🔻 Ӕхсӕнадон организаци йӕм арвыста прокуратурӕйы дзуапп ӕмӕ, куыстуаты архайд бауромынӕн цы гӕххӕттытӕ сӕмбырд кодтой, уыдон.
Уымӕй уӕлдай социалон хызӕгты ӕххуысагур фӕсидтысты паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ, цӕмӕй йӕ цӕст ӕрдара ӕрдзхъахъхъӕнӕн къабазмӕ. «Зеленая Алания»-йы уӕнгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕмбӕлгӕ закъон хуызӕнæн ӕххӕстгонд нӕ цӕуы, уыимӕ республикӕйы Генералон прокуратурӕйы 'рдыгӕй дӕр.
💬 «Бирӕ азты тох кӕнӕм, алырдӕм хъаст кодтам, ӕвдисӕнтӕ бӕрӕг кодтам, фӕлӕ нӕм хъусӕг нӕй. Ныр сидӕм президентмӕ, политикӕйы тыххӕй нӕ, фӕлӕ нӕ фидӕны тыххӕй. Ӕрдз уымæн нæу, æмæ дзы тырыса фæйлауа — бӕстӕйы бындур у. Курӕм уӕ ӕрдз хъахъхъӕныны хъуыддаг паддзахады фыццаградон хӕс скӕнын ӕмӕ закъоны домӕнтӕ ӕххӕстгонд куыд цӕуой, афтæ бакæнын. Нӕхицӕн ницы аразӕм, фидӕны мӕт кӕнӕм», — загъд ис организаци «Зеленая Алания»-йы фыстӕджы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Уымӕй уӕлдай социалон хызӕгты ӕххуысагур фӕсидтысты паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ, цӕмӕй йӕ цӕст ӕрдара ӕрдзхъахъхъӕнӕн къабазмӕ. «Зеленая Алания»-йы уӕнгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕмбӕлгӕ закъон хуызӕнæн ӕххӕстгонд нӕ цӕуы, уыимӕ республикӕйы Генералон прокуратурӕйы 'рдыгӕй дӕр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Дӕргъӕвсы байгом кодтой ног фысымуат Cosmos Vladikavkaz La Vallee
🔻 Фондз корпусы ис 70 номыры — хуымӕтӕгӕй люксы онг. Ис дзы бассейн, ресторан, хамам, спа, саунӕ ӕмӕ, 200 адӕймаджы кӕм цӕуы, ахӕм конференц-зал. Фысымуатӕн радтой цыппар стъалыйы.
Абон йӕ байгом кӕныны кадджын мадзалмӕ ссыдысты республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады уӕнгтӕ. Ссыдысты фыццаг уазджытӕ дӕр. Уӕвгӕ августы онг фысымуаты иуӕй-иу номырты уӕгъд бынӕттӕ нӕй. Иу бон фӕцӕрыны аргъ дзы у 8,96 мин сомӕй уӕлӕмӕ.
➡️ Фысымуат ис Мидӕгрӕбыны ӕхсӕрдзӕнтӕм ӕмӕ Дӕргъӕвсы некропольмӕ хӕстӕг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Абон йӕ байгом кӕныны кадджын мадзалмӕ ссыдысты республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады уӕнгтӕ. Ссыдысты фыццаг уазджытӕ дӕр. Уӕвгӕ августы онг фысымуаты иуӕй-иу номырты уӕгъд бынӕттӕ нӕй. Иу бон фӕцӕрыны аргъ дзы у 8,96 мин сомӕй уӕлӕмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Æппæты фылдæр адæмыхæттытæ кæцы бæстæйы ис?
Anonymous Quiz
25%
Уæрæсейы
6%
Индонезийы
17%
Америкæйы Иугонд Штатты
52%
Индийы
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фиддон.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хингӕнæгæн йӕ хин йӕхиуыл цӕуы: мӕздӕггаг бирӕсывӕллонджын мад милуаны бӕрц социалон фиддонтимӕ кодта цӕстфӕлдахӕн митӕ
🔻 Слестгӕнджыты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Мæздæджы районы цӕрӕг 43-аздзыд сылгоймаг 2022 азы йе 'ртӕ чызгӕн фиддонтӕ райсынӕн Социалон фондмӕ балӕвӕрдта курдиат. Фӕлӕ йе 'мкъай ӕфсӕддон кӕй у, уый нӕ бацамыдта, афтӕмӕй йын йӕ мызд басусӕг кодта.
Курдиатмӕ гӕсгӕ йын, ӕртӕ сывӕллонӕн цы 'мбӕлы, уый фыстой 2025 азы онг. Ӕдӕппӕтӕй йын бафыстой милуаны бӕрц. Фӕлӕ уалынмӕ хъуыддаг рабӕрӕг.
➡️ Ныр цӕстфӕлдахӕн миты тыххӕй сылгоймагыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Курдиатмӕ гӕсгӕ йын, ӕртӕ сывӕллонӕн цы 'мбӕлы, уый фыстой 2025 азы онг. Ӕдӕппӕтӕй йын бафыстой милуаны бӕрц. Фӕлӕ уалынмӕ хъуыддаг рабӕрӕг.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы фӕлладуадзӕн парчы доныхъазтӕн фӕзындысты лӕппынтӕ
🔻 Райгуырдысты 3 июлы. Парчы хицау Гӕбуты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уал лӕппыны кӕй фӕзынд, уый дӕр диссаг у.
💬 «Ӕртӕ-цыппарӕй фылдӕр нӕ вӕййы. Ам та авд сты, ахӕм цау нӕм никуыма ӕрцыд. Тынг цӕрдӕг сты, ныридӕгӕн дӕр ленк кӕнынц. Нӕ кусджытӕ дӕр сӕм тынг хорз зилынц», — зӕгъы Гӕбуты Вячеслав.
Фыццаг бонты сын хӕрын кӕндзысты айчы урс, къӕдор ӕмӕ бондзыд цъиутӕн ӕмбӕлгӕ хӕринаг. Сӕйрагдӕр та сын у ӕрдз ӕмӕ дон.
💬 «Цадтӕм дон Теркӕй кӕлы ӕмӕ, хъӕддаг мӕргътӕн цы хъӕуы, уый дзы ис. Афтӕмӕй сӕхицӕн хӕринаг амал кӕнынц ӕмӕ сӕ лӕппынты дӕр ахуыр кӕндзысты», — зӕгъы парчы хицау.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Фыццаг бонты сын хӕрын кӕндзысты айчы урс, къӕдор ӕмӕ бондзыд цъиутӕн ӕмбӕлгӕ хӕринаг. Сӕйрагдӕр та сын у ӕрдз ӕмӕ дон.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гуӕцӕлты Хадзы-Мураты, гӕнӕн ис, æмæ раива Денис Царгуш
🔻 Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты иугонд командӕйы сӕргъы, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕрлӕудзӕн Денис Царгуш. Йӕ кандидатурӕ йын бахаста Уӕрӕсейы Спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы ӕххӕстгӕнӕн комитет, хъусын кӕны федерацийы сӕргълӕууӕг Михаил Мамиашвили.
Гуӕцӕлты Хадзы-Мураты йӕ бынатӕй систой 14 майы Допингты ныхмӕ æпӕтдунеон агентады хъусынгӕнинаджы фӕстӕ, ома, йӕ рӕстӕджы Хадзы-Мурат допингты домӕнтӕ ӕххӕст кодта, уый гуырысхойаг у.
Ныртӕккӕ Царгуш у уӕгъдибар хъӕбысхӕстæй нӕ бӕстӕйы иугонд командӕйы хистӕр тренер, у Олимпаг хъӕзтыты бронзӕ призер, дунейы ӕртӕ хатты чемпион.
➡️ Сӕйраг тренеры бынаты йӕ сӕвӕрыны тыххӕй курдиат цӕттӕ кӕнынц спорты министрадмӕ ӕмӕ спортмӕ цӕттӕгӕнӕн центрмӕ арвитынмӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Гуӕцӕлты Хадзы-Мураты йӕ бынатӕй систой 14 майы Допингты ныхмӕ æпӕтдунеон агентады хъусынгӕнинаджы фӕстӕ, ома, йӕ рӕстӕджы Хадзы-Мурат допингты домӕнтӕ ӕххӕст кодта, уый гуырысхойаг у.
Ныртӕккӕ Царгуш у уӕгъдибар хъӕбысхӕстæй нӕ бӕстӕйы иугонд командӕйы хистӕр тренер, у Олимпаг хъӕзтыты бронзӕ призер, дунейы ӕртӕ хатты чемпион.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Историйы æппæты цыбырдæр хæст цас цыдис?
Anonymous Quiz
49%
38 минуты
13%
4,5 сахаты
7%
15 суткæйы
32%
3 боны
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Дзӕуджыхъӕуы Кировы курсантты номыл уынджы цӕрджытӕ мӕт кӕнынц хӕстӕг арӕзтады тыххӕй
🔻 Куыддӕр сӕ кӕрты хӕдзары бындурӕн дзыхъхъ къахын райдыдтой, афтӕ цӕрджытӕ сагъӕсы бацыдысты. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй сын горӕты администраци уымӕн бар радта (гӕххӕтт редакцимӕ ис). Аразын дзы райдыдтой дыууӕ иуподъездон 8-уӕладзыгон хӕдзары. Кӕрты та фӕнд кӕнынц сывӕллӕттӕн хъазӕн фӕз ӕмӕ машинӕтӕн зӕххы бын лӕууӕн бынӕттӕ скӕнын.
Арӕзтад кӕм цӕуы, уыцы зӕхх хаццоны чи райста, уый фӕнд кодта иннӕ хӕдзар аразæгимӕ бадзурын, цӕмӕй кӕртытӕ баиу кӕной. Фӕлӕ сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ сбадти, ӕмӕ ныр се 'хсæн быру фæзындзӕн.
Цӕрджытӕм ӕндӕр хъуыды ис — арӕзтадӕн бар ӕнӕзакъонӕй радтой. Тӕрсынц, дон ӕмӕ электрон рухс ӕппӕт хӕдзӕрттæн кӕй нӕ фаг кӕндзӕн, уымӕй. Уӕдӕ сӕм боны рухс дӕр фаг нӕ хӕццӕ кӕндзӕн.
💬 «Хӕдзӕрттӕ кӕмӕй ӕлхӕдтам, уый нын фидарӕй дзырдта, нӕ бакомкоммӕ кӕй ницыуал араздзысты, уый. Ӕлхӕнгӕ дӕр сӕ уымӕн бакодтам. Ӕмӕ ныр тох кӕндзыстӕм ацы арӕзтады ныхмӕ», — зӕгъынц адӕм.
Абон цӕрджытимӕ фембӕлдмӕ ӕрбацыд республикӕйы арӕзтады министр Бетанты Марат. Ӕппӕт гӕххӕттытӕм ӕркӕсынӕй ӕмӕ хъуыддаг сбӕлвырд кӕнынӕй зӕрдӕ бавӕрдта. Куыстытӕ нӕ баурӕдтой. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн бындур нӕй.
➡️ Уыимӕ министр бафиппайдта, куыстытӕ кӕм цӕуынц, уым дон зӕхх кæй бахордта ӕмӕ сыхаг кӕрты асфальт згъӕлын кæй райдыдта. Аразӕг ӕй хъуамӕ сног кӕна. Цӕрӕнуӕтты ӕмӕ архитектурон-арӕзтадон цӕстдарды службӕ йын рафыстой уайдзӕфы гӕххӕтт.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Арӕзтад кӕм цӕуы, уыцы зӕхх хаццоны чи райста, уый фӕнд кодта иннӕ хӕдзар аразæгимӕ бадзурын, цӕмӕй кӕртытӕ баиу кӕной. Фӕлӕ сӕ ныхас кӕрӕдзиуыл нӕ сбадти, ӕмӕ ныр се 'хсæн быру фæзындзӕн.
Цӕрджытӕм ӕндӕр хъуыды ис — арӕзтадӕн бар ӕнӕзакъонӕй радтой. Тӕрсынц, дон ӕмӕ электрон рухс ӕппӕт хӕдзӕрттæн кӕй нӕ фаг кӕндзӕн, уымӕй. Уӕдӕ сӕм боны рухс дӕр фаг нӕ хӕццӕ кӕндзӕн.
Абон цӕрджытимӕ фембӕлдмӕ ӕрбацыд республикӕйы арӕзтады министр Бетанты Марат. Ӕппӕт гӕххӕттытӕм ӕркӕсынӕй ӕмӕ хъуыддаг сбӕлвырд кӕнынӕй зӕрдӕ бавӕрдта. Куыстытӕ нӕ баурӕдтой. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уымӕн бындур нӕй.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕфсӕддон.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хурхӕтӕны мӕй (июнь)
🔻 Афӕдзы ӕхсæзæм мæй — июнь. Ахӕм ном ыл сæвæрдтой Ромы мифологийы мæйы бардуаг Юноны кадæн. Иронау та хуыйны хурхæтæны мæй, хонынц ма йӕ кæрдӕгхӕссӕны мæй дæр.
▫️ Июны боны дæргъ вæййы æппæты фылдæр, стæй хур зымæджы æрдæм фӕивы — бон райдайы цыбырдæр кæнын, æхсæв та — даргъдæр. Хурхæтæны мæй дæр æй уымæн хонынц.
▫️ Кӕрдӕгхӕссӕн та йæ уымӕн схуыдтой, ӕмӕ ацы бон ӕфсинтӕ кодтой кӕрдӕджытимӕ ӕмӕ цӕхӕрайы сыфтимӕ чъиритӕ. Уыцы бон ӕмбӕлыд кӕрдӕг ӕмбырд кӕнын, хӕдзармӕ йӕ ӕрбахӕссын, цӕрæнуат дзы саив кӕнын ӕмӕ кӕрдӕджы ӕвӕрӕнтӕ скӕнын.
#мӕйты_нӕмттӕ
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
#мӕйты_нӕмттӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Февралы трассӕ «Кавказ»-ы 30-аздзыд нӕлгоймаджы фехсынӕй кӕй азымджын кӕнынц, уыдонӕй иуы ӕрцахстой
🔻 4 июны барадхъахъхъӕнджытӕ Алагиры ӕрцахстой Хъӕдгӕроны 36-аздзыд цӕрӕджы. Уый размӕ дӕр уыд тӕрхонгонд. «Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй уыд федералон агуырды.
Нӕлгоймаджы азымджын кӕнынц февралы трассӕ «Кавказ»-ы 30-аздзыд Х. Хетӕджы фехсынӕй. Хъыгдардбаййафӕг амард Ӕрыдоны районы рынчындоны исӕн уаты.
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй, кӕй ӕрцахстой ӕмӕ кӕй амардтой, уыдон иумӕ кӕсаджы куыст кодтой. Алы хъуыдытыл хӕст кӕй уыдысты, уый расайдта лӕгмардмӕ.
➡️ Пъӕлицӕ агуырдта ӕртӕ адӕймаджы: Ӕрыдоны дыууӕ 27-аздзыд нӕлгоймаджы ӕмӕ Хъӕдгӕроны 36-аздзыд цӕрӕджы. Уыдонӕй иу мартъийы кӕрон йӕхӕдӕг ӕрбацыд слестгӕнджытӕм.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Нӕлгоймаджы азымджын кӕнынц февралы трассӕ «Кавказ»-ы 30-аздзыд Х. Хетӕджы фехсынӕй. Хъыгдардбаййафӕг амард Ӕрыдоны районы рынчындоны исӕн уаты.
«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй, кӕй ӕрцахстой ӕмӕ кӕй амардтой, уыдон иумӕ кӕсаджы куыст кодтой. Алы хъуыдытыл хӕст кӕй уыдысты, уый расайдта лӕгмардмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъӕндзинӕдтимӕ рудзгуытӕ кӕй скодтой, уый тыххӕй «Окна Берта»-йы бахъæудзæн æлхæнæгæн 262 мин сомы бафидын
Цæгатирыстойнаг æлхӕнӕг амалхъом адӕймагыл хъасты гӕххӕтт арвыста Роспотребнадзормӕ. 2022 азы 164,6 мин сомы аргъ балхӕдта рудзгуытӕ. Фӕстӕдӕг рабӕрӕг, хъӕндзинӕдтимӕ кӕй сты, уый. Цӕмӕй сӕ аиуварс кӕной ӕмӕ йын сӕ аргъ ногӕй банымайой, уый тыххӕй сӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты не 'рбацыд.
💬 «Амалджын адӕймаг ын йӕ хъаст ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ уӕд сылгоймаг йӕ фӕндаг акодта Роспотребнадзормӕ. Нӕ специалисттӕ та гӕххӕттытӕ бацӕттӕ кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой тӕрхондонмӕ», — радзырдта фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕнӕг хайады хицау Плиты Аннӕ.
➡️ Ныр тӕрхондон рудзгуытӕ кӕнӕг куыстуатӕй домы сылгоймагӕн сӕ аргъ — 164,6 мин сомы — фӕстӕмӕ бафидын. Роспотребнадзор ма йын бафидын кодта 10 мин сомы компенсаци æмæ 87 мин сомы ивар, барвӕндонӕй йын йӕ домӕнтӕ кӕй нӕ сӕххӕст кодта, уый тыххӕй.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Цæгатирыстойнаг æлхӕнӕг амалхъом адӕймагыл хъасты гӕххӕтт арвыста Роспотребнадзормӕ. 2022 азы 164,6 мин сомы аргъ балхӕдта рудзгуытӕ. Фӕстӕдӕг рабӕрӕг, хъӕндзинӕдтимӕ кӕй сты, уый. Цӕмӕй сӕ аиуварс кӕной ӕмӕ йын сӕ аргъ ногӕй банымайой, уый тыххӕй сӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты не 'рбацыд.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Доны станцӕйы ӕрбынат кӕндзысты 16 базарадон объекты
🔻 Бындурон арӕзтӕдтӕ нӕ уыдзысты, ӕвӕрд ӕрцӕудзысты генералон планмӕ ӕмӕ станцӕйы схемӕтӕм гӕсгӕ. Генералон план ӕмӕ дизайн-проектыл та бакуыстой ӕмӕ сæ сфидар кодтой горӕты администрацийы архитектортӕ.
💬 «Объекттӕ пляжты, спортивон фӕзты бынат нӕ бацахсдзысты — радих сын кодтам сӕрмагонд бынӕттӕ. Уӕй кӕндзысты дон, сӕлдӕг, къофи», — радзырдтой «Сапӕ»-йӕн горӕты администрацийы.
➡️ Схемӕмӕ гӕсгӕ дзы сӕвӕрдзысты 15 базарадон объекты, сты 3х4 метры, иу та — 10х4 метры. Сӕрдыгон верандӕтӕ дӕр хаст сты генералон планмӕ ӕмӕ сӕ архитектортӕ сфидар кодтой.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Латинаг термин «алиби» комкоммæ тæлмацæй цы амоны?
Anonymous Quiz
36%
Æндæр ран
40%
Æнаххосдзинад
18%
Æфсон
7%
Афтиддзинад
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — рудзынг.