Telegram Group Search
Цӕгат Ирыстоны алы ӕхсӕзӕм куыстхъом цӕрӕгӕн хӕсты тыххӕй республикӕйӕ цӕуыны бар нӕй

🔻Тӕрхондоны пъырыстыфты федералон службӕйӕ «Сапӕ»-йӕн куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ахӕм адӕм сты 49,4 мин адӕймаджы.

23,8 мин адӕймагӕн Уӕрӕсейӕ искуыдӕм ацӕуыны бар нӕй, банкты ӕмӕ ӕндӕр финансон организацитӕй хӕстӕ кӕй дарыц, уымӕ гæсгæ. 1,1 мин адӕймаджы нӕ фидынц алименттӕ, иннӕтӕ та фӕндӕгдыл цӕуыны инспекцийӕн ивартӕ нӕ бафыстой, хӕс дарынц хъалонисӕн службӕйӕ, коммуналон лӕггӕдтӕн ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Закъонмӕ гӕсгӕ, 30 мин сомӕй фылдӕр хӕс чи дары, уыдоны пъырыстыфты бон у бӕстӕйӕ ма рауадзын. Алименттӕ ӕмӕ ӕндӕр иуӕй-иу хӕстӕ 10 мин сомы кӕмӕн сты, уыдонӕн дӕр Уӕрӕсейӕ искуыдӕм цӕуыны бар нӕй. 

➡️ Тӕрхондоны пъырыстыфты федералон службӕйы кусджытӕ сидынц адӕммӕ, цæмæй фӕсарӕнтӕм цӕуыны размӕ бафидой ӕппӕт хӕстӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Прокуратурӕ Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕгӕй домы фӕндӕгты хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнын

🔻Ведомство рабӕрӕг кодта, Дзӕуджыхъӕуы фӕндӕгты уавӕр ӕдасдзинады домӕнтӕн дзуапп кӕй нӕ дӕтты, уый. Дӕнцӕгӕн, Роза Люксембурджы уынджы дзыхъхъытӕ, зыхъхъыртӕ ӕмӕ ӕндӕр аиппытӕ расайынц фӕндагон фыдбылызтӕм. 

➡️ Ӕркасты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, прокуратурӕ гӕххӕттытӕ арвыста Милдзыхты Вячеславмӕ ӕмӕ дзы домы сӕ аиуварс кӕнын.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уголовон хъуыддажы экспертизӕйы тыххӕй Дзӕуджыхъӕуы дуканитӕй иуы хицау фӕбыцӕу экспертимӕ

🔻Дзӕуджыхъӕуы 45-аздзыд цӕрӕджы азымджын кӕнынц, экспертмæ йӕ къух кӕй систа, уымӕй. Хъуыддаг та афтӕ уыд, ӕмӕ, нæлгоймагыл цы уголовон хъуыддаг байгом кодтой, уый фӕлгӕты эксперт скодта æмбæлгæ экспертизӕ. 30 апрелы та эксперт йе 'намондӕн бауад, кæй азымджын кодтой, уый дуканимӕ. Нæгоймаг йӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ экспертмæ йӕ къух систа. 

«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй Пушкинскийы ӕмӕ Павленкойы уынгты тигъыл азымджынӕн ис дукани. Цалдӕр азы размӕ ӕлхӕнӕг-сылгоймаджы фӕнадта. Экспертизӕ кӕнын дӕр уымӕ гӕсгӕ бахъуыд. Йӕ хатдзӕгтӕ дуканийы хицауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты, фӕлӕ йӕ маст баурӕдта. Эксперт дуканимӕ куы бацыд, уӕд йӕхиуыл йӕ бон нал цыд, ӕвзӕртӕ йын фӕдзырдта, стӕй йын йӕ сӕр ныццавта.

➡️ Хъыгдардбаййафӕг куыстмӕ ӕрбаздӕхт ӕмӕ уым бауадзыг. Аластой йӕ рынчындоны нейрохирургийы хайадмӕ. Ныртӕккӕ фӕстӕмӕ куыстмӕ рацыд.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕрӕнуӕтты коммуналон хӕдзарады министр Тамайты Майрӕн йӕ куысты бынатӕй ацыд

🔻«Сапӕ» куыд базыдта, афтӕмӕй 62-аздзыд министр йӕ куыст йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ ныууагъта. Йӕ бӕсты чи уыдзӕн, уый нырма бӕрӕг нӕу.

Тамайты Майрӕн райгуырд Доныфарсы. 1997 азы онг куыста Приморьейы крайы ӕмӕ Якутийы. Уый фӕстӕ куыста горӕты администрацийы алы бынӕтты. Цӕгат Ирыстоны цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады министр сси 2018 азы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Хъазыбеджы хох» кæцы хъуыстгонд адæймаджы хуыдтой?
Anonymous Quiz
2%
Хъантемыраты Алыбеджы
84%
Хъаныхъуаты Болайы
10%
Коцты Бегайы
4%
Томайты Мæхæмæты
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Азӕй-азмӕ фылдӕр: ацы азы фондз мӕймӕ «Ирстоун»-ы продукцийы рауагъд фаронӕй фӕфылдӕр

🔻Куыстуат кӕны аив дур. Фарон рауагъта 3,5 мин квадратон метры, ацы азы фондз мӕймӕ та — 6 минӕй фылдӕр. Заводы директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ хъомыс ноджы фылдӕр уыдзӕн.

«Ирстоун» дуртӕ ласы Красноярскы крайӕ, Сомихӕй, пайда кӕны цӕгатирыстойнаг дурты алы хуызтӕй. Цӕттӕ продукци ласынц Красноярскы краймӕ, Цӕгат Ирыстоны та дзы пайда кӕнынц «Мамысон» ӕмӕ «Аланийы парчы» арӕзтады. 

Ныртӕккӕ балӕвӕрдтой лицензи райсынмæ курдиат, цӕмӕй сӕхи бон уа Къӕхтысӕры гуырӕнтӕй пайда кӕнын. Уый размӕ сын Црауы кусынӕн бар радтой, фӕлӕ дзы хъӕугӕ дуртӕ нӕ разынд.

💬 «Доломиттӕ иртасынæн бар райсыны тыххӕй курдиат балӕвӕрдтам. Ныртӕккӕ йӕм ӕрдзхъахъхъӕнӕн министрады кӕсынц. Мӕйы кӕронмӕ нын хъуамӕ дзуапп радтой. Лицензи нын кӕд радтой, уӕд скӕндзыстӕм геологон-сгарӕн куыстытӕ», — зӕгъы куыстуаты хицау Денис Шугуров.

➡️ Компани «Ирстоун» кусы мрамор, гранит, диабазимӕ. Кӕнынц дзы аив къӕйдуртӕ, стъолты сӕртӕ. Афтӕ рӕсугъд у, ӕмӕ дзы скульптурӕтӕ кӕнӕн дӕр ис.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хӕс.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Стыр композиторы иунæг музæ

📄 1913 азы Хæххон-Мæздæггаг полкмæ кæстæр афицеры бынатмæ æрвыст æрцыд Михайловскæйы æфсæддон училищæйы рауагъдон Галаты Барис. Сидзæр лæппуйы йæ фыдыфсымæр схъомыл кодта, æмæ йын йæ фæндоныл дыууæ нæ загъта: хæстон лæджы фæндагыл сразы. Фæлæ зæрдæ хивæнд у æмæ йæхион фæагуры. Барисы зæрдæ агуырдта музыкæ. Училищæйы оркестры цагъта кларнет, фортепиано æмæ виолончелыл, зарыд хоры, уæдæ-иу ыл дирижеры бынат дæр баууæндыдысты. Курдиатджын, æвзыгъд, сæрæн лæппу бæллыд музыкалон ахуырад райсынмæ, фæлæ уал дирижеры лæдзæджы бæсты йæ къухы уыд хæцæнгарз.

Мæздæггаг полчы службæ кæнгæйæ базонгæ хъуыстгонд грознæйаг сæудæджергæнæг Атайты Василийы бинонтимæ. Уыдонмæ-иу фæуазæг сты тæккæ ахуырдæр æмæ зындгонддæр адæм. Арæх-иу сæм æрбауадысты Брытъиаты Елбыздыхъо, Æмбалты Цоцко æмæ иннæтæ. Бауадис сæм Барис дæр. Фæстæмæ афтидæй не здæхтис — йæ хъуыдыты хаста Василийы хистæр чызг Нинæйы. Даргъдзыкку хæрзуынд чызг дæр æм куыдфæндыйы цæстæй нæ ракаст. Уый уыдис стыр уарзты райдайæн.

1914 азы, фыццаг дунеон хæст куы райдыдта, уæд Барис æрбаиу Ираны уæвæг æфсæддон хæйттæм, стæй та активонæй архайдта Турчы фронты. Хъазуатон хæстон æрыздæхтис ордентæ æмæ æндæр хорзæхтимæ. 1916 азы Нинæимæ сæ цард баиу кодтой. Сæ къайад бафидар кодтой аргъуаны. Саргъуыдтой сыл Кисловодскы. Уым цы цырæгътæ сыгъдысты, уыдоны бавæрдтой æмæ ныр дæр сты Галаты Барисы хæдзар-музейы Цхинвалы. Абоны онг æрхцæццæ Атайты Нинæйы къухдарæн дæр. Мидæджырдыгæй гравировкæ амоны: «Боря 31.08.1916» (сæ аргъуыды бон).

Барисæн бантыст консерватори фæуын, фыццаг ирон профессионалон композитор æмæ дирижер суæвын, бирæ сфæлдыстадон бынтæ ныууадзын, стыр иртасæн куыст бакæнын æмæ æцæг ирон лæджы ном хæссын. Æппæт уыцы рæстæджы йæ фарсмæ уыд йæ уарзон бинойнаг. Нинæ уыд фыццаг ирон сывæллæтты стоматолог, зондджын æмæ рæдау, цæстуарзон сылгоймаг. Сæ хæдзарæй æппынæдзух хъуысти музыкæ, йæ алыварс æмбырдтæ кодтой адæм. Галаты Барисы ахуыргæнинæгтæ куыд дзырдтой, афтæмæй сæ афтидарм æмæ æнæрæвдыдæй никуы рауагътой, Нинæ та ма-иу сын хос дæр кодта лæвар.

«Встань, казачка молодая, у плетня, Проводи меня до солнышка в поход», — алы райсом дæр, йæ бинойнаг-иу æй куыстмæ куы фæндараст кодта, уæд ын Барис кодта ацы зарæг. Зарæджы хуызæн рауад сæ цард дæр.

#таурӕгъ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Будайчиты Сухраб ӕмӕ Ходы Ларисӕ — «Мӕ амонд

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: гал — скъæты, йæ къæдзил та — æддейæ
Anonymous Quiz
15%
Фæздæг
19%
Æвзаг
63%
Хъæдындз
3%
Уисой
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Сывӕллоны йӕ гыццылӕй цӕуыл сахуыр кӕнай, ахӕмæй сырӕздзӕн. О, алцыдӕр бинонтӕй цӕуы. Фӕлӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕджыты ӕмӕ интернеты ахадындзинад гыццыл нӕу. Абон уын фадат ис уӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ цымыдисаг ӕмӕ пайдайаг видеомӕ бакӕсынæн.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Dzioff — «Куырой»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: æууилгæ кæны, ныхъуыргæ — нæ
Anonymous Quiz
78%
Куырой
5%
Мæр
2%
Дымгæ
15%
Хырх
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Гацырбег... «Усгур Гаци» цасфӕнды хатты куы фенай, уӕддӕр дзы адӕймаг нӕ фӕлмӕцы. Бирӕгъты Къоста цы сурӕт сарӕзта, уый бирӕтӕн дӕнцӕг у. Спектаклы ныхӕстӕ та апарахат сты ӕмӕ ныффидар сты адӕмы 'хсæн.

#аивады_хӕзнадон 

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг районтӕй домы амброзиимӕ тох кӕнын

🔻Ууыл ныхас цыд абон аппаратон ӕмбырды. Регионы разамонӕг куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй ивгъуыд дыууӕ азмӕ ӕппӕты фылдӕр хъӕстытӕ уыд Дзӕуджыхъӕуы, Рахизфарсы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты цӕрджытӕй.

💬 «Горӕты администраци ӕмӕ Россельхознадзор ӕнӕмӕнг фылдӕр ӕргом аздахӕнт социалон объекттӕм. Амбрози кӕм зайы, уым ӕй скуынӕг кӕнын хъӕуы. Заууаты чи ис, уыцы объекттӕм дӕр уӕ хъус ӕрдарут. Цалынмӕ калын нӕ райдыдта, уӕдмӕ йӕ фесафын хъæуы», — загъта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/06/28 15:48:42
Back to Top
HTML Embed Code: