Юридикон факультеты студенттæ ацы азæй фæстæмæ райдыдтой ирон æвзаг ахуыр кæнын 🔻Сӕрмагонд ахуыртӕ скодтой дыккæгæм курсы студенттæн. Ирон æвзаджы уроктæ сын вæййы къуыри æртæ хатты. Ахæм хъуыды æрцыд ирон филологийы факультеты декан Гуытъиаты Эльмирæмæ ӕмæ юридикон факультеты декан Хъесаты Фатимæмӕ. Иумæ бауынаффӕ кодтой, цæмæй студенттæ сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæной.
💬 «Ирон филологийы факультетмæ арæх фæсидынц барадхъахъхъæнынады органтæ – фæагурынц æххуыс, ирон тæлмац. Мах та юристты фӕфæрсæм, уымӕн æмæ махæн нæ дæсныйад фаг нæу, мах юристтæ не стæм. Æмæ Фатимæимæ æрцыдыстӕм ахæм хъуыдымæ, цæмæй юристтæ иронау дӕр кусой», — зæгъы Гуытъиаты Эльмирæ.
Студентты ахуыр кæнынц юридикон терминтæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын, стæй сæ адæмæн куыд æмбарын кæнын хъæуы, уый. Сæ ахуыргæнæг куыд дзуры, афтæмæй студенттæ тырнынц ног зонындзинæдтæм.
💬 «Ацы парæты ног ныхæстæ базонæм æмæ сæ нæ куысты дæр спайда кæндзыстæм æмæ кæрæдзиимæ куы фæдзурæм, уæд дæр», — зæгъы Уаниаты Хаджи-Мурат.
Гуытъиаты Эльмирæйы хъудымæ гæсгæ, юристтæ сæ мадæлон æвзагæй фылдæр куы пайда кæной, уæд ирон æвзаджы нырыккон уавæр хуыздæрырдæм аивдзæн.
💬 «Ирон æвзаг фылдæр бынат ахсдзæн æхсæнадон ӕмӕ паддзахадон царды, стӕй тæрхондоны куысты. Нæхæдæг дӕр уыцы фидæн хъуамæ фӕхæстæгдæр кæнæм», — загъта Эльмирæ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс