Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — хӕдтулгӕ.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уарзы — нӕ уарзы...
🔻 Ацы фарстайӕн дзуапп базонын бирӕты фӕфӕнды. Кӕмӕндӕр абон Валентины бон у, кӕмӕндӕр — уарзӕтты бон.
➡️ Мах сӕм ницы бар дарӕм. Ӕрмӕст нӕ фӕнды зӕгъын: «Нӕ бафысджытӕ, мах уӕ уарзӕм!»
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Тынг дæ куы фӕнда, уӕд цынӕ бакӕндзынӕ: ахст адӕмӕй иу дзабырхуыйӕгæй куырдта, цӕмӕй дзабыры быны наркотиктӕ бамбӕхса
🔻 Дзабыры бын ӕмбӕхст наркотиктӕ фӕнд кодтой, Дзæуджыхъæуы ахст адӕмы рӕстӕгмӕ кӕм дарынц, уырдӕм бахӕссын. Уыцы цауыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, гашишы 10 граммы ӕмӕ марихуанӕйы 4 граммы уафсы мидæг бамбӕхста алагираг дзабырхуыйӕг. Ахӕм курдиат ӕм ӕрбарвыста, ныртӕккӕ ахст чи у, уыцы зонгӕ. Пъӕлицӕйӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, наркотиктӕ хъуамӕ бахӕццӕ уыдаиккой ӕндӕр адӕймагмӕ.
➡️ Дзабырхуыйӕгӕн бафыстой 2,5 мин сомы.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Слестгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, гашишы 10 граммы ӕмӕ марихуанӕйы 4 граммы уафсы мидæг бамбӕхста алагираг дзабырхуыйӕг. Ахӕм курдиат ӕм ӕрбарвыста, ныртӕккӕ ахст чи у, уыцы зонгӕ. Пъӕлицӕйӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ, наркотиктӕ хъуамӕ бахӕццӕ уыдаиккой ӕндӕр адӕймагмӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Йӕ тыхы бацыд, тамако уӕй кӕныны фӕткӕвӕрд чи халы, уыдоны ивартӕ фӕфылдӕр кӕныны тыххӕй закъон
🔻 14-ӕм февралӕй тамакоты базарады аиппытӕ кӕмӕ рабӕрӕг кӕной, уыдоны иварты бӕрц фӕфылдӕр. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Роспотребнадзоры управлени.
▫️ Зӕгъӕм, ӕнӕ маркӕтӕй тамакотӕ чи уӕй кӕна, уыцы æмбæстæгты ивар фæфылдæр 10 хатты æмæ схызт 100 мин сомы онг.
▫️ Базарады домӕнтӕ чи не 'ххӕст кӕна, уыдоны ивар фæфылдæр уыдзӕн 2-3 хатты — 10-20 мин сомы онг. Дзуапдӕттӕг бӕрнон адӕмы ивар суыдзӕн 30-50 мин сомы, юридикон организациты ивар та — 90-120 мин сомы.
▫️ Ӕууилын кӕй хъӕуы, ахӕм тамако уӕйгӕнджыты сӕ дзыппӕй сисын бахъӕудзӕн 50 мин сомы онг.
▫️ Тамакохъӕстӕ продукци сывӕллӕттӕн чи уӕй кӕна, уыдоны та ивар кӕндзысты 200 мин сомы онг.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Кӕдӕй-уӕдӕй: «Алани» фӕд-фӕдыл рамбылдта дыууӕ хӕларадон матчы
🔻 Абон Ессентукийы «Алани»-йӕн уыд дыууӕ хъазты. «Муром»-имӕ матч ахицӕн 2:3 хыгъдӕй нӕ командӕйы пайдайӕн, футболон клуб «Дружба»-имӕ та — 3:1 хыгъдӕй.
«Муром»-ы футболисттӕ нӕ дуары цур цалдӕр хатты сӕвзӕрын кодтой тӕссаг уавӕр, фӕлӕ нӕ лӕппутӕ сӕрӕн разындысты. Хъазты хыгъд байгом 31-ӕм минутыл — Кокойты Давид, зӕвӕтӕй ныццӕвгӕйӕ, порти хызы смидӕг кодта. 44-ӕм минутыл дыккаг гол бакъуырдта Чертхъоты Дато. 50 ӕмӕ 59 минуттыл реферийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ «Муром»-ӕн уыд пенальтитӕ. Дыууӕ портийы дӕр хызыл сӕмбӕлдысты. Уӕлахизы гол 79-ӕм минутыл бакъуырдта Огъуаты Сӕрмӕт.
Дыккаг матчы фыццаг гол 10-ӕм минутыл бакъуырдта Кодзырты Артур. Чысыл фӕстӕдӕр ныхмӕлӕууӕг командӕ хыгъд сӕмхуызон кодта. Дыккаг таймы та ногӕй фесгуыхт Кодзырты Артур: 86-æм ӕмӕ 88-æм минуттыл бакъуырдта голтӕ. Афтӕмӕй «Алани» рамбылдта дыккаг матч дӕр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
«Муром»-ы футболисттӕ нӕ дуары цур цалдӕр хатты сӕвзӕрын кодтой тӕссаг уавӕр, фӕлӕ нӕ лӕппутӕ сӕрӕн разындысты. Хъазты хыгъд байгом 31-ӕм минутыл — Кокойты Давид, зӕвӕтӕй ныццӕвгӕйӕ, порти хызы смидӕг кодта. 44-ӕм минутыл дыккаг гол бакъуырдта Чертхъоты Дато. 50 ӕмӕ 59 минуттыл реферийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ «Муром»-ӕн уыд пенальтитӕ. Дыууӕ портийы дӕр хызыл сӕмбӕлдысты. Уӕлахизы гол 79-ӕм минутыл бакъуырдта Огъуаты Сӕрмӕт.
Дыккаг матчы фыццаг гол 10-ӕм минутыл бакъуырдта Кодзырты Артур. Чысыл фӕстӕдӕр ныхмӕлӕууӕг командӕ хыгъд сӕмхуызон кодта. Дыккаг таймы та ногӕй фесгуыхт Кодзырты Артур: 86-æм ӕмӕ 88-æм минуттыл бакъуырдта голтӕ. Афтӕмӕй «Алани» рамбылдта дыккаг матч дӕр.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уарзты хъомысæй рантысгæ кувæндон
🔻 Дзæуджыхъæуы Суннитаг мæзджыт (Мухтаровы мæзджыт) рагæй нырмæ ссис цæстæвæрæн бынат. Фæлæ канд йæ бакаст нæу аив æмæ химæлвас — ахæм у йæ сæвзæрды хабар дæр.
📄 XIX æнусы бакуйаг нефты куыстгæнæг-банкир Муртаз Мухтаров бауарзта уæздан ирон бинонты чызг Тугъанты Лизæйы. Дзæуджыхъæуы аззайынмæ нæ хъавыдис, фæлæ ныффæстиат: йæ уарзон чызджы ракурынвæнд скодта. Чындзæхсæвмæ Лизæйы алыхуызон лæвæрттæй куыннæ сбуц кодтой, фæлæ уыцы бирæ бæркæдты 'хсæн дæр бæрæг дардта иу — æппæты æнахуырдæр лæвар — мæзджыт. Дзæуджыхъæумæ мæзджыт саразынæн фаг фæрæзтæ нæ уыд æмæ уæд йе 'ххуысы къух фæдаргъ кодта Мухтаров. Уый сразы æхцайæн йæ фылдæр хай бафидыныл, æрмæст æм уыд иунæг фæндон: мæзджыты раз хъуамæ æвæрд æрцыдаид дур æмæ йыл фыст уыдаид, Лизæйы номыл арæзт кæй у, уый. Уыцы фæндон сæххæст кодтой. Абон кувæндоны раз уыцы дур нал ис, фæлæ цы уарзтæй ракъæртт, уый кой ма цæры. Æмæ кæд мæзджытæн йæ бындуры нæ уыдис, уæддæр ын уыцы дур сæрæвæрæн фæцис.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Кадæгмæ гæсгæ, хъисфæндыр цæмæй конд у?
Anonymous Quiz
12%
Агуындæйы æрдуйæ
52%
Сосланы бæхы æрдуйæ
11%
Бызгъуан уæйыджы рихийæ
25%
Нарты фыдæл Сæуæссæйы боцъойæ
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?
➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — уарзондзинад.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: алкæйы æфсады, фæлæ йæхи не 'фсады
Anonymous Quiz
6%
Хæдзары 'фсин
13%
Цъай
48%
Куырой
32%
Зæхх
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ирон адӕммӕ уарзондзинады ныхӕстӕ фылдӕр хатт сусӕг вӕййынц. Уӕдӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ куыд раргомгӕнӕн ис? Зӕгъӕм, зарӕгӕй.
Абон уын иу ахӕм музыкалон лӕвар.
#аивады_хӕзнадон
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Абон уын иу ахӕм музыкалон лӕвар.
#аивады_хӕзнадон
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!
📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Хӕфсӕн йӕ лӕппын — хуры тын... Ӕцӕг ӕви мӕнг ныхас у, уый зын зӕгъӕн у. Фӕлӕ Дюймовочка ӕмӕ галхӕфс иумӕ ӕцӕгӕйдӕр нӕ фидауынц.
Сымахмӕ та куыд кӕсы?