Telegram Group Search
Æппæты фыццаг ногдзауты организаци кæй ном хаста?
Anonymous Quiz
72%
Ленины
12%
Спартакы
3%
Одиссейы
13%
Марксы
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хӕстонты кадӕн

🔻Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты Уӕлахизӕй рацыд 80 азы. Рӕстӕджы уылӕнтӕ семӕ бирӕ ивддзинӕдтӕ хӕссынц. Ӕнӕивгӕ у иу хъуыддаг — Советон Цӕдисы сырхӕфсӕддонты хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Инӕларӕй салдаты онг сӕ алчидӕр ӕнӕуынонӕй тох кодта знаджы ныхмӕ. Бӕллыд ӕмӕ йӕхиуыл нӕ ауӕрста Стыр Уӕлахизы сӕраппонд.

➡️ «Сапӕ»-йы кусджытӕй рох не сты. Бацӕттӕ кодтам нӕхи акци — «Уӕлахиздзаутӕ». Сӕ иу — Саламты Къола.

#Уӕлахизы80_азы
#Уӕлахиздзаутӕ

⚫️Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — ӕмбисонд.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъыг ӕмӕ цӕссыджы бон

🔻Хуссар Ирыстоны историйы 20 май сау бонӕй баззад. Зары фӕндаг фехъусгӕйӕ та цӕстытыл ӕмӕ хъустыл ауайынц лӕгсырдты митӕ ӕмӕ адӕмы кӕуын. Цӕрыны охыл чи цыд, уыдонӕй 33 адӕймаджы хъысмӕт акодта ацу ӕмӕ ма 'рцуйы фӕндагыл. Ӕгъатыр лӕгмартӕ никӕуыл ауӕрстой, сӕ къух систой зӕрӕдтыл ӕмӕ сывӕллӕттыл.

1992 азы 20 майы гуырдзиаг экстремисттӕ бацахстой фӕндаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, Цхинвалӕй лигъдӕттимӕ машинӕтӕ кӕд фӕзындзысты, уымӕ. Куы сӕ федтой, уӕд сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ систой ӕмӕ сыл нӕмгуытӕ нызгъæлстой.

Рацыдысты азтӕ, фӕлӕ Зары трагеди рох нӕу. Чи дзы бацарӕфтыд, уыцы хиуӕтты, хӕстӕджыты, уарзон адӕмы мысынц, сӕ фӕстӕ чи баззад, уыдон. Истори та афтӕ у, ӕмӕ йӕ цалынмӕ хъуыды кӕнай, уӕдмӕ йыл ахуыр кӕныс ӕмӕ дзы скӕныс хатдзӕгтӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъӕбатырдзинады дӕнцӕг: Уырыссаг театры кадджын уавӕры хорзӕхджын кӕнынц, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕй 100 азы кӕуыл сӕххӕст, уыдоны

🔻Абон йӕ 100 азы юбилей бӕрӕг кӕны Выборг суӕгъдгӕнджытӕй иу, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг Пагӕты Алыксандр. Раарфӕ кӕнынмӕ йӕм ӕрбацыдысты республикӕйы сӕргълӕууӕг, министртӕ, кӕстӕртӕ, ветерантӕй Уӕлахизы тыххӕй бузныг чи у, уыдон.

Пагӕты Алыксандрмӕ арфӕйы гӕххӕт ӕрбарвыстой Приморский крайӕ дæр. 30 азӕй фылдӕр дзы фӕслужбӕ кодта, йӕ царды 72 азы дӕр уым арвыста. Приморьейы губернатор Олег Кожемяко ветеранӕн саккаг кодта «Приморский крайы рӕзтмӕ егъау ӕвӕрӕн кӕй бахаста, уый тыххӕй» майдан.

Юбилярты 'хсӕн ис Александр Варламов дӕр. 100 азы йыл 28 августы сӕххӕст уыдзӕн. Хуыдиаты Черменыл та 25 декабры сӕххӕст уыдзӕн 105 азы. Уый дӕр абон у кадджын уазӕг.

💬 «Нӕ кадджын хистӕртӕ, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕппӕты стырдӕр хӕзна — ӕнӕниздзинад. Цасфӕнды уыл куы цӕуа, кӕддӕриддӕн ӕфсӕддонтӕ стут. Ӕдзух стут цардбӕллон ӕмӕ зонут, фӕтк цы у, уый. Махӕн та стут хъӕбатырдзинад, лӕгдзинад ӕмӕ ӕнӕбасӕтгӕ тыхы дӕнцӕг», — загъта Сергей Меняйло.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Хуссар Ирыстоны Национ музей адæмы рæгъмæ рахаста хæстон намысы ног экспозици

🔻Хæстон намысы залмæ бацæуæн конд у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дугмæ гæсгæ. Райхъуысы уæлдæфон фæдисы сигнал, æрбацæуджытæ фыццаджы-фыццаг фенынц цæф салдатты сурæттæ. Историон дарæс кæуыл ис, ахæм манекентыл бакуыста музейы сфæлдыстадон лаборатори.

Хайады экспозици ног кæнгæйæ уæлдай æргом аздæхтой æфсæддон-историон реконструкцимæ. Музейы кусджыты зæрды ис хæсты ныв равдисын, ныртæккæ йыл кусынц æрмадзы. Ацы проект сæххæст кæныны хъæппæрис фæзынд музейы нывгæнæг-фæлындзæг Дыгъуызты Мариямæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ æфсæддон-историон сюжет равдисын бафæндыд, Уæрæсемæ балцы рæстæг æнгæс инсталляци куы федта, уый фæстæ.

💬 «"Музейты æхсæв" куы вæййы, уæд кæддæриддæр искæцы хайад сног кæнæм. Ацы аз нæ бафæндыд хæстон намысы зал рацаразын. Цæмæй нæ къухы бафта, уый тыххæй нæ тынг биноныг куыст бакæнын хъæуы, уымæн æмæ алцыдæр хъуамæ историон æгъдауæй дырыс уа, стæй хронологи дæр ма фехæла. Рухс, зæл, тæф — алы мадзалæй дæр спайда кæндзыстæм, цæмæй æрбацæуæг уыцы дуг банкъара», — радзырдта «Сапæ»-йæн Дыгъуызты Мария.

Йæ ныхæстæм куыд бафтыдта, афтæмæй рацараздзысты, Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны къамтимæ стенд. Скæндзысты йын электрон верси.

➡️ Баххæст кодтой президентæн лæвæртты хайад дæр. Гаглойты Алан Мæскуыйæ æрхаста æмæ Национ музеймæ радта советон салдаты хæцæнгæрзтæ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Гаглойты Алан фембæлд «Беслæны мадæлты» делегациимæ

🔻Цæгатирыстойнаг æхсæнадæмон организациимæ фембæлд ацыд Зары трагедийы амæттæгты мысæн бон. Делегацийы сæргъы уыд Дудиаты Сусаннæ. Хуссар Ирыстоны президент сын загъта бузныг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бирæ фыдбылызтæ бавзарæг ирон адæм кæддæриддæр уыдысты иумæ.

«Беслæны мадæлтæ» Зары трагедийы амæттæгты ном ссарынæн республикæмæ æрцыдысты 2024 азы дæр, фæстæдæр та бацархайдтой, гуырдзиаг лæбурджыты къухæй чи фæмард, уыцы æнаххос адæмы мысæн мадзæлтты. Делегацийы уæнгтæй Хуссар Ирыстонæй рацæугæ чи уыд, уыдон балæвæрдтой курдиаттæ республикæйы æмбæстагад райсыны тыххæй. Æдæппæтæй уыдысты 20 адæймаджы бæрц, се 'хсæн Дудиаты Сусаннæ дæр. 2024 азы сентябры райста Хуссар Ирыстоны æмбæстагад.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Хъуылаты Созырыхъо ирæтты геноцидыл кæй ныффыста, уыцы радзырд куыд хуыйны?
Anonymous Quiz
14%
Музейы
5%
Парчы
22%
Ахæстоны
60%
Зындоны
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — фӕдис.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Жуковскийы номыл Сывæллæтты парчы асастой хъеллаугæнæнтæ æмæ тæрхъусты скульптурæтæ

🔻Знон фæлладуадзæн бынатмæ цæстдарæг муниципалон куыстуат «Радуга»-йы минæвæрттæ дыккаг хатт бацалцæг кодтой «Вертушка» хъеллаугæнæн. Аивдзинад æнцой кæмæн нæ дæтты, уыдон нæ ахызтысты тæрхъусты скульптурæты иуварс дæр — сæ бынаты ма ныууагътой æрмæст æфсæн хъилтæ æмæ сæ айсын бахъуыд.

Куыстуаты хицау Берозты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй сæ паркмæ базилыны сæр бахъæуы æрвылмæй: канд хъеллаугæнæнтæ нæ бацаразынц, фæлæ ма фæхсбандæттæ æмæ тренажертæ дæр. Знаггадгæнджыты сбæрæг кæнынæн сæвæрдтой æхсæз цæстдарæн камерæйы.

💬 «Алы райсом дæр æрзилæм, нæ бæрны чи ис, уыцы объекттыл. Уыдоны нымæцы Жуковскийы номыл паркмæ дæр æркæсæм. Хæлд цы вæййы, уый тагъд бацалцæг кæныныл архайæм. Хъыгагæн, вандализмыл арæх æмбæлæм. Пырх кæнынц сывæллæттæ дæр, хистæртæ дæр», — хъаст кæны Сослан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæзонгæ халджыты къух баххæссы бырутæм, æхсæнадон пысунæты дуæрттæм æмæ фонтантæм дæр — дуртæ дзы æппарынц.

💬 «Фарон ас адæммæ бацыдтæн æмæ сын бауайдзæф кодтон. Бадтысты æмæ се 'хсынæнты цъæрттæ фонтанмæ калдтой. Æмæ ахæм хабæрттæ, хъыгагæн, арæх вæййы», — зæгъы Берозы-фырт.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уӕллаг Ларсы машинӕйы ссардтой, закъонмӕ гӕсгӕ пайдагӕнӕн кӕмӕй нӕй, ахӕм 12 мин капсулӕйы

🔻Таможнæйы федералон службӕ куыд хъусын кæны, афтæмæй Гуырдзыстонмӕ цӕуӕг минивэны ссардтой 12,5 мин урс-сырх капсулæйы прегабалинимӕ — æдæппæтæй 890 блистеры. Ӕмбӕхст уыдысты машинӕйы алы рӕтты.

Бӕлццӕттӕй иуы хызыны та разынд Methadone æмæ «Трам»-ы ӕртӕ таблеткӕйы. Экспертизӕйы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ дзы уыд трамадол ӕмӕ метадон. Шофыр ӕмӕ йе 'мбӕлццон ныртӕккӕ сты ахст.  

💬 «Хъуыддаг радтам слестгӕнджытӕм, цӕмӕй рабӕрӕг кӕной уӕйгӕнджыты ӕмӕ, хостӕ кӕцӕй исынц, уый», — зӕгъынц Таможнæйы федералон службӕйы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Арӕнтӕ хъыгдарынц: Хуссар Ирыстонмӕ кӕй фӕнды, уыдон ӕмбӕлынц къуылымпыдзинӕдтыл

🔻Экскурситæ аразæг Бететы Юрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ фыццаг къуылымпы у Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны 'хсӕн арӕн.

💬 «Уӕрӕсейӕ ӕмӕ фӕсарӕнтӕй чи фӕцӕуы, уыдонмӕ уӕлдай цӕст дарынц. Сӕ гӕххӕттытӕм сын дыууӕ сахаты бӕрц фӕкӕсынц. Гъер, зӕгъӕм, ӕрӕджы нӕм чидӕр æрцыд Казахстанӕй. Хуссар Ирыстоны йын йӕ гӕххӕттытӕм ӕркастысты, фӕлӕ йӕ арӕныл ӕхсӕз сахаты фӕдардтой. Уымӕй уӕлдай ма сын ӕнӕхъӕн бинонтӕй скодтой дактилоскопийӕ», — радзырдта гид.

Туристтӕ зæрдӕхудт райсынц ӕмӕ ма сӕ кӕд фӕфӕнды, уӕддӕр ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй дыккаг хатт нал ӕрцӕуынц. Дыууӕ-ӕртӕ бонмӕ ссӕуынвæнд чи кӕны, уый цалдӕр сахаты таможнæйы куы алӕууа, уӕд ӕй ницыуал фæхъӕуы.

Бететы Юри ӕххуысагур фӕсидт депутат ӕмӕ туризмы комитеты сӕргълӕууӕг Табуты Робертмӕ. Уый йын зӕрдӕ бавӕрдта, туризмы тыххӕй ног закъон парламенты ӕмбырдмӕ кӕй рахӕсдзӕн, уымӕй.

Фæсарæйнаг туристты ма тыхсын кӕны уый дӕр, ӕмӕ сын сæ курдиæттæн миграцион службӕ 40 бонæй раздæр дзуапп нæ дæтты. Дӕнцӕгӕн, Абхазмӕ ацӕуынӕн дзуапп 6 бонмӕ раттынц.

💬 «Ӕрӕджы нӕм стыр къорд æрцæуынмæ хъавыд Китайӕ, фӕлӕ мӕнӕ ахӕм дӕргъвӕтин хъуыддӕгты тыххӕй сӕ фӕнд аивтой. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ног куратор Сергей Кириенко Хуссар Ирыстонмӕ йе 'ргом кӕд раздахдзӕн, уымӕ», — радзырдта Бететы Юри.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Эфиопийы ныртæккæ кæцы аз у?
Anonymous Quiz
17%
2006
21%
2018
29%
2025
33%
2026
2025/05/21 16:50:50
Back to Top
HTML Embed Code: