Telegram Group & Telegram Channel
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Юридикон факультеты студенттæ ацы азæй фæстæмæ райдыдтой ирон æвзаг ахуыр кæнын

🔻Сӕрмагонд ахуыртӕ скодтой дыккæгæм курсы студенттæн. Ирон æвзаджы уроктæ сын вæййы къуыри æртæ хатты. Ахæм хъуыды æрцыд ирон филологийы факультеты декан Гуытъиаты Эльмирæмæ ӕмæ юридикон факультеты декан Хъесаты Фатимæмӕ. Иумæ бауынаффӕ кодтой, цæмæй студенттæ сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæной.

💬 «Ирон филологийы факультетмæ арæх фæсидынц барадхъахъхъæнынады органтæ – фæагурынц æххуыс, ирон тæлмац. Мах та юристты фӕфæрсæм, уымӕн æмæ махæн нæ дæсныйад фаг нæу, мах юристтæ не стæм. Æмæ Фатимæимæ æрцыдыстӕм ахæм хъуыдымæ, цæмæй юристтæ иронау дӕр кусой», — зæгъы Гуытъиаты Эльмирæ.

Студентты ахуыр кæнынц юридикон терминтæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнын, стæй сæ адæмæн куыд æмбарын кæнын хъæуы, уый. Сæ ахуыргæнæг куыд дзуры, афтæмæй студенттæ тырнынц ног зонындзинæдтæм.

💬 «Ацы парæты ног ныхæстæ базонæм æмæ сæ нæ куысты дæр спайда кæндзыстæм æмæ кæрæдзиимæ куы фæдзурæм, уæд дæр», — зæгъы Уаниаты Хаджи-Мурат.

Гуытъиаты Эльмирæйы хъудымæ гæсгæ, юристтæ сæ мадæлон æвзагæй фылдæр куы пайда кæной, уæд ирон æвзаджы нырыккон уавæр хуыздæрырдæм аивдзæн.

💬 «Ирон æвзаг фылдæр бынат ахсдзæн æхсæнадон ӕмӕ паддзахадон царды, стӕй тæрхондоны куысты. Нæхæдæг дӕр уыцы фидæн хъуамæ фӕхæстæгдæр кæнæм», — загъта Эльмирæ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM

group-telegram.com/ironsapa/2115
Create:
Last Update:

BY СапÆ

Warning: Undefined variable $i in /var/www/group-telegram/post.php on line 260

Share with your friend now:
group-telegram.com/ironsapa/2115

View MORE
Open in Telegram

Telegram | DID YOU KNOW?

Date: |

Despite Telegram's origins, its approach to users' security has privacy advocates worried. On Feb. 27, however, he admitted from his Russian-language account that "Telegram channels are increasingly becoming a source of unverified information related to Ukrainian events." Anastasia Vlasova/Getty Images Telegram has become more interventionist over time, and has steadily increased its efforts to shut down these accounts. But this has also meant that the company has also engaged with lawmakers more generally, although it maintains that it doesn’t do so willingly. For instance, in September 2021, Telegram reportedly blocked a chat bot in support of (Putin critic) Alexei Navalny during Russia’s most recent parliamentary elections. Pavel Durov was quoted at the time saying that the company was obliged to follow a “legitimate” law of the land. He added that as Apple and Google both follow the law, to violate it would give both platforms a reason to boot the messenger from its stores. In 2018, Russia banned Telegram although it reversed the prohibition two years later.
from sa

Telegram СапÆ
FROM American