Telegram Group Search
🎵 Дауыраты Эдуард — «Зырнӕджытӕ»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
63-аздзыд ӕфсӕддон-интернационалист цин кӕны ӕмӕ кафы Дзӕуджыхъӕуы Уӕлахизы Парады

🔻Алыксандр йе 'фсӕддон хӕс ӕххӕст кодта Афганистаны танкты дивизийы. Уӕлахизӕн цы аргъ ис ӕмӕ хӕст цы у, уый тынг хорз зоны.

💬 «9 май мын хуымӕтӕджы бӕрӕгбон нӕу, фӕлӕ йӕ сомыгӕнӕн дӕр схондзынӕн. Уӕлахиз къухы куыд бафты, уый мӕхицӕй тынг хорз зонын, иу адӕймаджы фервӕзын кӕнын, уӕлдайдӕр та сывӕллоны, уымӕн цавӕр аргъ ис, уый ӕмбарын. Хӕсты архайджытӕ та дуне фервӕзын кодтой», — радзырдта «Сапӕ»-йӕн Алыксандр. 

Нӕлгоймаг ныр 15 азы пенсийы ис. Уал азмӕ абон фыццаг хатт скодта йе 'фсӕддон уӕлӕдарӕс ӕмӕ рацыд бæрӕгбонмӕ. Центрон фӕлладуадзӕн парчы куыд кафыд, ууыл адӕм сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ йыл амбырд сты.

💬 «Уӕдӕ ма пенсийы цы кусон? Самба тынг хорз кафын æмӕ мӕ бафӕндыд мӕ арӕхстдзинад ам равдисын», — дзуры Алыксандр.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
1945 азы 25 июны Уæлахизы Парадæн разамынд чи лæвæрдта?
Anonymous Quiz
35%
Константин Рокоссовский
55%
Георгий Жуков
5%
Климент Ворошилов
5%
Александр Василевский
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🗓«Мӕлгӕ тӕппуд кӕны, хъӕбатыртӕ нӕ мӕлынц»... Ӕнусон ныхӕстӕ. Цӕвиттон, раст сты. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы фӕци, ууыл 80 азы рацыд. Иунӕг хъӕбатыры ном дӕр рох нӕу. Уымӕн ӕмæ сты нӕ хистӕртӕ, нӕ дадатӕ, нӕхи... Фыццаджыдӕр та — Уӕлахиздзаутӕ.

#аивады_хӕзнадон 
#Уӕлахизы80_азы

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Дауыраты Эдуард — «Талынг ӕхсӕв»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: талынг хæдзары лыстæг хуыр
Anonymous Quiz
8%
Æнгуз
22%
Харбыз
38%
Топпыхос
32%
Дæндæгтæ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🗓Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг сылгоймӕгтыл уӕззау уаргъ ӕрӕнцад. Фӕлӕ-иу уыцы сау бонты дӕр зӕрдӕты ссыгъдысты уарзондзинады стъӕфӕнтæ. Уыцы ӕнкъарӕн сын лӕвӕрдта ӕгӕрон тых, кодта сӕ размӕ, зын сахат уыд ныфсы хос. Зӕды ӕххуысау та сын уыд мады зӕрдӕ, йӕ фарн.

#аивады_хӕзнадон 
#Уӕлахизы80_азы

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Абайты Артур — «Смуглянка»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: зылын рæстыты цæгъды
Anonymous Quiz
9%
Мæлæт
15%
Фыдгæнæг
6%
Къæвда
70%
Цæвæг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🗓Уыцы фыдӕвзарӕн сау бонты знаджы ныхмӕ сыстад ӕгас бӕстӕ. Хистӕрӕй-кӕстӕрӕй кӕмӕн куыд йӕ бон уыд, афтӕ сӕ куынӕг ӕмӕ дӕрӕн кодта. Хъыгагӕн-иу знаджы къухтӕм чи бахауд, уыдоныл знаг нӕ ауӕрста. Сӕ иу — Чабӕхан. Ӕгаддзинад йӕ сӕрмӕ чи не 'рхаста, уыцы чызгыл Советон рӕстӕг ист ӕрцыд аивадон киноныв дӕр.

#аивады_хӕзнадон 
#Уӕлахизы80_азы

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
#ӕмбисонд
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Зӕрдӕвӕрӕны мӕй (май)

🔻Май у афæдзы фæндзæм мæй. У Ромы мифологийы сылгоймаг-бардуаг Майеимæ баст. Майе латинагау амоны мад, дзидзидарæг мад.

📄 Ацы мæйæн нæ фыдæлтæ радтой цалдæр номы: зæл(р)дæвæрæны, сыфтæры æмæ Ныкколайы мæй. Сыфтæры мæй цæмæн, уый æмбæрстгонд у: бæлæстыл сыфтæр кӕй сарæх вæййы, сыфтӕры мӕй уымӕ гӕсгӕ хуыйны. Ныкколайы бæрæгбон дæр вæййы майы.

▫️Фӕлӕ зæрдæвæрæн та цӕмӕн? Адӕмы фылдæр хай йӕ афтæ цæмæн хонынц? Зæрдæвæрæн ирон адæмæн у мæрдты иумæйаг бон. Уæд ингæнтыл ӕвӕрдтой (ныр дӕр ма иуӕй-иутӕ кӕнынц) нæуу. Нæуу рагон ирон æвзагыл у «зæлдæ». Ӕмхъӕлӕсонтӕ кӕрӕдзийы раивтой ӕмӕ дзы «зæлдæ» рауад.

▫️Чырыстон дины кусджытӕ та йӕ сбастой, Чырысти йæ райгасæй 40 боны фæстæ йæ фыд Хуыцаумæ куы цыд, уыимӕ. Стӕй йæ ахуыргæнинæгтæн, иунæгæй уæ нæ ныууадздзынæн, зæгъгæ, зæрдæ куы бавæрдта, уыцы бонимæ.

#мӕйты_нӕмттӕ

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Сывӕллӕтты хирургӕн баххуыс кӕныны охыл ӕфсӕддон къорд «Алани»-йы хӕстонтӕ сӕхи бахӕссын кодтой стӕджы магъзы донорты номхыгъдмӕ

🔻Сывӕллӕтты хирург Карсанаты Андреймӕ рабӕрӕг кодтой апластикон анемийӕ. Хъӕуы йӕ стӕджы магъзы донор. Хиуӕтты анализтӕ йын нӕ  фӕбӕззыдысты.

Цӕгат Ирыстоны медицинон академи ӕмӕ Пироговы номыл университет агурынц доноры. Сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты ӕфсӕддон отряд «Алани»-йы хӕстонтӕ. Радтой туг ӕмӕ сӕхи бахӕссын кодтой стӕджы магъзы донорты номхыгъдмӕ.

💬 «Нӕ хӕстонтӕй тынг сӕрыстыр дӕн. Канд хъӕбатыр не сты, фӕлӕ ма тӕригъӕд дӕр зонынц. Зын сахат ӕрбалӕууыдысты Андрейы фарсмӕ. Сидӕм Ирыстоны цӕрджытӕм дӕр, цӕмӕй сӕхи донорты номхыгъды ныффыссын кӕной», — радзырдта ӕфсӕддон къорды командыгӕнӕг Остъаты Руслан.

Пироговы номыл университет ацы мӕй Ирыстонмӕ ӕрбарвитдзӕн специалистты. Стӕджы магъзы донор суӕвын куыд ахсджиаг ӕмӕ хъӕугӕ хъуыддаг у, уый тыххӕй уӕлдӕр скъолаты бакӕсдзысты лекцитӕ. Уӕвгӕ донор ссарын тынг зын у: 10 000 адӕймагӕй сбӕззы ӕрмӕст иу.

▫️Донор суӕвын йӕ бон кӕмӕн у: 18 азӕй 45 азы онг кæуыл цæуы æмæ æнæниз чи у, ахæм адæймагæн. Туджы къорд ӕмӕ резус ахсджиаг не сты. Кӕй бафӕнды, уый хъӕуы 5 мл туг радтын, равдисын йӕ паспорт ӕмӕ СНИЛС.

Туг радтӕн ис ахӕм лабораториты:
▫️Цоколаты Геннадийы номыл уынджы 9 бӕстыхай. Къуырисӕрӕй сабатмӕ: 14:00–18:30 сахатмӕ. Хуыцаубоны: 13:00–15:00 сахатмӕ.

▫️Барбашовы уынджы 62 бӕстыхай. Къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ: 14:00–17:30 сахатмӕ. Сабаты: 14:00–16:30 сахатмӕ. Хуыцаубоны: 13:00–15:00 сахатмӕ.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/05/12 10:46:35
Back to Top
HTML Embed Code: