Telegram Group Search
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
5G бастдзинады мӕсыджы фӕстиуджытыл хъуыды кӕнгӕйӕ, Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иуы цӕрджытӕ йӕ ӕвӕрын нӕ бауагътой

🔻Инӕлар Дзусаты Ибрагимы уынджы цӕрджытӕ сӕ хӕдзӕрттӕм хӕстӕг бастдзинады мӕсыг ӕвӕрын нӕ бауагътой. Кусджытӕ 10 сахатмӕ ссыдысты, фӕлӕ уӕдмӕ адӕм ӕмбырд кӕнын райдыдтой ӕмӕ иууылдӕр уыдысты ацы уынаффӕйы ныхмӕ. Афтӕ изӕрмӕ иу иннӕмӕн нӕ куымдта, изӕры та кусджыты бахъуыд, цы дзыхъхъ скъахтой, уый фӕстӕмӕ зӕххимӕ сӕмхуызон кӕнын.

💬 «Фӕндыд сӕ ам 5G сӕвӕрын. Нӕ сӕ бауагътам. Алчидӕр нӕ йӕ цотӕн тӕрсы. Ам скодтой фӕлладуадзӕн бынат, алчидӕр ардӕм баулӕфынмӕ ӕрбацӕуы, сывӕллӕттӕ дзы фӕхъазынц. Абон сын ницы рауад, куыддӕртӕй нӕ къухы бафтыд», — зӕгъынц цӕрджытӕ.

Дзӕуджыхъӕуы администрацийы «Сапӕ»-йӕн куыд загътой, афтӕмӕй компани «ЭНЕРГОСЕРВИС» бастдзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы кабель ӕвӕрынмӕ хъавыд, уыцы куыстыты тыххӕй зыдтой ӕмӕ сын бар лӕвӕрд уыдис. Бастдзинады мӕсыг сӕвӕрынӕн сын Дзусы-фырты номыл уынджы 10 азы 'мгъуыдмӕ радих кодтой 0,0004 га зӕххы хай.

«ЭнергоСервис»-ы хицау Александр Шаблевский «Сапӕ»-йӕн куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй сын абоны цау зиан ӕрхаста 300 мин сомы.

💬 «Бастдзинады мӕсыг у, уый чи загъта? У телыхъӕд. Ис ын дыууӕ нысаниуӕджы. Фыццаг — ӕнӕнхъӕлӕджы цауты рӕстӕг хъусынгӕнӕн фӕрӕз, дыккаг та — цӕмӕй районы хорз бастдзинад уа, уымӕн. Дзӕуджыхъӕуы закъонтӕ ӕххӕстгонд цӕуылнӕ цӕуынц? Куыстыты агъоммӕ ӕппӕт хъӕугӕ уагдӕттыл ӕрзылдыстӕм: горӕты администраци, Роспотребнадзор ӕмӕ а. д. Баныхас кодтам, алцыдӕр бацӕттӕ кодтам. Ныртӕккӕ пъӕлицӕмӕ хъаст фыссын. Мӕ зӕрды ис тӕрхондонмӕ дӕр бахъаст  кӕнын. Чи нӕ бахъыгдардта, уыдон нын нӕ хӕрдзтӕ куыд бафидой», — зӕгъы Александр Шаблевский.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — барӕг.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Дӕргъӕвсы зӕппадзтӕй иу у базилинаг

🔻Историон-архтектурон комплекс «Дӕргъӕвсы некрополь»-ы уӕллаг хайы зӕппадзтӕй иуы къул афаз. Уый тыххӕй «Сапӕ»-йӕн радзырдта Национ музейы директор Цуциты Аслан.

💬 «Хӕстӕгдӕр рӕстӕг ӕй банывыл кӕнын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ уавӕр тынг зӕрдӕхсаинаг у. "Скифос-РСК"-имӕ аныхас кодтон. Сӕ специалисттӕ хъуамӕ бацӕттӕ кӕной проектон-сметон гӕххӕттытӕ. Ӕрныхас кӕндзыстӕм культурон хӕзнатӕ хъахъхъӕныны комитетимӕ дӕр. Уый фӕстӕ райдайдзысты реставрацион куыстытӕ кӕнын», — зӕгъы Цуциты Аслан.

Зӕппадз кӕй афаз, уый бӕттынц, цалдӕр хатты йӕ арв кӕй ныццавта, уыимӕ.

💬 «12-15 азы размӕ дзы уыдысты археологон къӕхтытӕ. Уӕд ӕй мӕхӕдӕг дӕр федтон, арв ӕй куыд ныццавта, уый. Бынӕттон цӕрджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй йыл ахӕм цӕфтӕ арӕх ӕрцӕуы. Диссӕгтӕ агурын дӕр дзы нӕ хъӕуы. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ арӕзтады згъӕрдуртӕй кӕй спайда кодтой, уымӕ гӕсгӕ», — æмбарын кæны Цуциты Аслан.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ноджы къаддӕр: абон ма Дзӕуджыхъӕуы фӕндӕгтӕм нӕ рацыд ноджы 6 маршруты 

🔻23, 23а, 24, 25, 30 ӕмӕ 35-ӕм маршруттӕ абон куыстмӕ нӕ рацыдысты. Уый та уымӕн, ӕмӕ сӕм кусынӕн ӕмбӕлгӕ гӕххӕттытӕ нӕ уыд.

Комитеты «Сапӕ»-йӕн куыд радзырдтой, афтӕмӕй цӕрджытӕй бирӕ хъӕстытӕ цыд. Цӕмӕй сæ ма фӕкъуылымпы кӕной ӕмӕ адæмæн баххуыс кӕной, уый тыххæй сæм транспорты комитет арвыста фондз уæлæмхасæн автобусы. Куыстой 7:40-æй 9:30-мӕ. 

💬 «"Автоколонны 1210" нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд. Адӕмы ластой куыстмӕ ӕмӕ ахуырмӕ. Лӕууыдысты Архонкӕмӕ сосавӕндаджы ӕмӕ БАМы ӕрлӕууӕн бынӕтты», — загътой ведомствойы.

➡️ Автоколоннӕйы сӕйраг куыст у бӕлццӕтты районтӕм ӕмӕ иннӕ регионтӕм ласын. Фӕлӕ бахъуаджы рӕстӕг баххуыс кӕнынц. Афтӕ уыд, тыхджын митӕруарды рӕстӕг маршрутон такситӕ бӕлццӕтты куы нал ластой, уӕд дӕр. Абон 10 сахаты фӕстӕ сӕхи фӕткмӕ гӕсгӕ кусын райдыдтой.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
«Алани»-йы фӕзынд ног дуаргӕс

🔻Бадзырд бафыстой Алил Магомедовимӕ, хъусын кӕнын футболон клубы пресс-службӕ.

Ивгъуыд сезоны дуаргӕс Махачкалайы «Легион»-ы акодта 32 матчы, 14 дзы йӕ фӕрцы ахицæн сты хӕрӕгсастӕй.

➡️ Уый размӕ ма Алил Магомедов хъазыд «Динамо-Владивосток» ӕмӕ «Акрон»-ы.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уырдӕм ацу — фӕлӕ кӕдӕм, уый нӕ зыны: Дзӕуджыхъӕуы таксисттӕ хъаст кӕнынц, картӕ раст кӕй нӕ амоны, уымæй

🔻Телефонты уӕлӕфтуан «Яндекс такси» ӕвзӕр кусын кӕй райдыдта, уый бафиппайдтой «Алания Молл»-ы срӕмыгъды фӕстӕ. Бӕлвырд бынӕттӕ раст амынд кӕй нӕ цӕуынц, уый аххосӕй шофыр ӕмӕ, машинӕ чи агуры, уыдон кӕм сты, уый раст ӕвдыст нӕ фӕцӕуы. Уыимӕ уӕлӕфтуан саразы зын ӕмӕ ӕнахуыр маршруттӕ. Хатгай та GPS равдисы, цыма ӕндӕр регионы, 100 километры дарддӕр сты, афтӕ.

💬 «Ӕрӕджы "Дружбӕ"-йы лӕууын, картӕ та, цыма Назраны дӕн, афтӕ ӕвдисы. Кӕмӕ цыдтӕн, уымӕ дзурын, уавӕр ын бамбарын кодтон ӕмӕ дзы ракуырдтон, цӕмӕй йӕ заказ айсын кӕна», — радзырдта нын таксийы шофыртӕй иу Сослан. 

Заказ мацӕмӕ ӕрдарын кӕнӕ йӕ айсын шофыртӕн сӕхи бон нӕу. Уӕд сын уӕлӕфтуан къаддӕр заказтӕ æрбарвиты, кӕнӕ та сӕ бынтондӕр нал ӕрбарвиты.

Таксисттӕ ма бафиппайдтой иу хъуыддаг: сӕрмагонд объектты цур куы вӕййынц, уӕд спутничы сигналы хъомыс бынтон гыццыл вӕййы. Стӕй ма изӕрыгон дӕр ӕвзӕр фӕкусы.

💬 «Изӕры 8-9 сахатӕй фӕстӕмӕ хӕдзармӕ цӕуӕн ис. Алы заказ дӕр горӕты ӕдде ӕвдисы. Афтӕмӕй куысты ницы пайда ис», — зӕгъынц шофыртӕ. 

➡️ Фарстатимӕ «Сапӕ» бадзырдта сервис «Яндекс Go»-мӕ, фӕлӕ дзуапп нӕма райстам.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Абоны цаутыл афӕлгӕсгӕйӕ, уӕ цӕст цавӕр ныхӕстыл ӕрхӕцыд?

➡️ Ацы изӕр уӕ зонгӕ кӕнӕм ног дзырдимӕ — зӕппадз.

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Саулохты Ланӕ — «Цæмæ цума»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: рацу-бацу кæны, фæлæ йæ бынат нæ ивы
Anonymous Quiz
63%
Сахат
27%
Дуар
4%
Дымгæ
6%
Хъуыды
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Ӕвӕдза, адӕймаг цы нӕ ном фехъусдзӕнис. Хъуыды ма йӕ кӕнут, сабибонты Ниф-Ниф. Наф-Наф ӕмӕ Нуф-Нуфыл куыд дис кодтам? Фӕлӕ дзы уӕддӕр Джапаридзе Сиси Опохмельяновичы ничи амбулдзӕн.

#аивады_хӕзнадон

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Алы райсом пайдаимӕ!

📆 Кӕд цард чиныг у, уӕд йӕ бонтӕ — сыфтӕ. Чиныджы сыфтыл та ӕмбисӕндтӕ дӕр вӕййы.

#ӕлвӕст_хъуыдытӕ
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
🎵 Персаты Тамарӕ ӕмӕ Гобеты Сослан — «Азар мын»

#Сапӕ_playlist
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уыци-уыци: дæлгоммæ — дзаг, уæлгоммæ — афтид
Anonymous Quiz
75%
Худ
0%
Ныхас
13%
Къæппæг
12%
Дзабыр
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
📺 Зымӕг йӕ бартӕ нӕма суӕгъд кодта, фӕлӕ хур бон куы ракӕны, уӕд нӕ бирӕтӕ бабӕллынц уалдзӕджы ӕмӕ сӕрды ӕрцыдмӕ. Цӕрӕгойтӕ фӕфылдӕр вӕййынц, мӕргътӕ ӕртӕхынц ӕмӕ сӕ зӕлланг цъыбар-цъыбурӕй ӕхцондзинад хӕссынц. Чидӕртӕ та дзы сӕхимӕ ахсджиаг хӕс райсынц.

#аивады_хӕзнадон

⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/02/03 01:34:34
Back to Top
HTML Embed Code: