Telegram Group Search
РÆСТÆГ ÆМÆ ДУДЖЫ ДОМÆН.

Дзæуджыхъæуы скъолатæй сæ иуы райдыдтой ахуыр кæнын китайаг æвзаг.

Дзæуджыхъæуы 11-æм астæуккаг скъолайы ацы фæсарæйнаг æвзаг ахуыр кæнын райдыдтой 40 ахуыргæнинаджы.

Сывæллæтты ма цайдагъ кæнынц тæлмац кæныныл дæр. Фыццаг райдыдтой Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадæй.

@XurZaerin
Президент Гаглойты Аланы арфæ Чырыстийы райгуырды сæраппонд
#Арфæтæ

Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Чырыстийы Райгуырды рухс бæрæгбоны сæраппонд.

Чырыстийы райгуырд у иууыл уарзондæр чырыстон бæрæгбонтæй сæ иу æмæ нын нæ зæрдæты йедзаг кæны ныфс æмæ уарзтæй. Мах æрымысæм нæ иугæнæг æххæсткæнинаг æргъадты – хиуæттыл аудын, хæлардзинад, зæрдæхæларуæвын, æххуысхъуагы фарсмæ балæууын.

Абоны хуызæн мах никуы хъæуы æнгомдзинад,…
Хуыздæр фæндиæгтæ æмæ арфæтæ Президентон Назбæласы цур
#Ног_аз

Ног, 2025 азы æрбалæудимæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны æлдариуæг кодта бæрæгбонон хъарм атмосферæ. Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр галуаны кусджытæ бацархайдтой, цæмæй рæзгæ фæлтæрæн бацæттæ кæной хорз бæрæгбон æмæ та сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитой.

3-æм январы галуаны цытджын æгъдауæй байгом президентон Назбæлас. Æрвылаз дæр ацы галуаны кусджытæ сывæллæттæн…
Президент Гаглойты Алан хатдзæгтæ сарæзта ацæугæ азæн
#Пресс_конференци

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн пресс-конференци уыд 2024 азы фæстиуджыты тыххæй

Йæ ныхасы райдианы Президент банысан кодта, 2024 азы цы серьезон проблемæтыл сæмбæлд республикæ æмæ сæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй цы уынаффæтæ райстæуыд, уыдон. Ахæмтæ, куыд сæрмагонд хæстон операцийы быдырты нæ хъайтарты трагикон амæлæт, нæ хæларадон Сирийы æмæ æфсымæрон…
Культурæйы æмвæзад – нацийы цæсгом
#Культурæ

Ивгъуыд азы цаутыл афæлгæст

Ацæугæ азы нæ республикæйы Культурæйы министрады куысты архайд фылдæрбæрцæй здæхт уыдис, культурон æмгуыстады географи уæрæхдæр кæнынмæ. Ацы ахсджиаг хъуыддаг адарддæр кæндзысты 2025-æм азы дæр, уымæн æмæ йыл куыст цæуы бындуронæй уæрæсейаг коллегæтимæ.

Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр йæ пресс-конференцитæй сæ иуы куыд банысан кодта, афтæмæй нацийы…
Дӕ райсом хорз, Ирыстон❤️
Фауддзаг товар куы балхæнай…
#Æхсæнад

Махæй алчи дæр магазинмæ, базармæ кæнæ æндæр базаргæнæн бынæттæм цавæрдæр товар балхæнынмæ хъавгæйæ свæййы фæлхасгæнæг. Фæлхасгæнæг та кæддæриддæр хъуамæ зона йæ бартæ æмæ сæ пайда кæна, хæлд ын куы цæуой, уæд. Ныры экономикон ахастытæ хынцгæйæ, закъондæттынадмæ арæх хаст цæуынц ивындзинæдтæ æмæ уыдоны фæстиуæгæн къаддæр кæнынц хъусдарæг органтæ кæй уадзынц,
Мыхуыры рацыд Цгъойты
Хазбийы чиныг «Ирон царды æгъдæуттæ».

Адæм ыл æхсызгонæй сæмбæлдысты. Балхæнæн æй ис Мыхуыры хæдзары, дыккæгæм уæладзыджы, йæ аргъ – 350 сомы. Бадзурæн ис Хуыбиаты Валентинæмæ ахæм телефонтæй: 8-906-188-02-64, 25-96-18
Мит уарыд æмæ уарыд…
#Прозæ

Новеллæ

Зарæ æнгуз бæласы дæрзæг буарыл йæ цæнгтæ æрбатыхта æмæ æдзæмæй лæууы. Миты гæлæбутæ иугай зивæггæнгæ хауынц, æмæ цыма чызджы къæбæлдзыг дзыккутыл исчи цыллæ урс хыз айтыгъта, афтæ зыны. Уазал у. Ногбон æхсæв алчи йæ бинонтимæ æмбæлы бæрæгбоныл, фæлæ Зарæмæ ницыуал хъуысы. Нал æм хъары уазал дæр. Йæ сæрыхъуынтæ,…
Ног бырæн фæз
#Æхсæнад

Цæмæй адæм зымæджы сезон сæ улæф­т­бонтæ хорз æрвитой, уый тыххæй цалдæр азы размæ Экономикæйы министрады туризмы хайад æмæ Фæсивæд æмæ спорты комитет æрбайгом кодтой Дзауы районы Цъоны хъæуы лыжæтыл бырæн фæз.

Цъоны бырæн трассæ популярон уыд зымæгон æрдзы улæфын чи уарзы, стæй ма нæм цы туристтæ цыдысты, уыдон æхсæн…
Азы дæргъы æвдыста хорз бæрæггæнæнтæ
#Спорт

Ивгъуыд азы нæ республикæйы иууыл æнтыстджындæр спортсменыл банымайæн ис Джиоты Арсенийы. Уый азы дæргъы æвдыста хорз бæрæггæнæнтæ. Ссис дунеон турнирты уæлахиздзау, афтæ ма фæсивæды ‘хсæн Европæйы чемпионаты призер. Азы кæрон дæр ын уыд æнтыстджын. Нырма уал хайад райста Германы бундеслигæйы. Уым хæцыд командæ «Спартак»-ы сконды æмæ йын баххуыс кодта…
1991 азы январы уæззау бонтæ
#Геноцид

1991 азы 6-æм январь уыд хуыцаубон. Ног азы фыццаг бонты фыдбылыз æрцæуыны æнхъæл ничи уыд. Советон Цæдисы мидæггагон æфсæдты уæвынадæй стыр ныфс æвæрдтой хуссарирыстойнаг цæрджытæ æмæ сæхи цæттæ кодтой Цыппурсы бæрæгбонмæ, фæлæ уæддæр æнкъардтой цахæмдæр тыхстдзинад. Æмæ раст разындысты, гуырдзиаг тыхæйисджытæ сын сарæзтой тугæйдзаг Цыппурс.

1991 азы 6-æм январы…
Абон Дзауы районы йе нусон бæстæмæ афæндараст кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Бежанты хъайтар лæппуйы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы барамындмæ гæсгæ Бежанты Федя йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд майдан «Защитнику Отечества»-йæ.

Бежанты Федяйыл цыдис 42 азы. Баззадис ын 4 сывæллоны.

Рухсаг у, Федя.

@XurZaerin
Абон, 9-æм январы нысан кæнынц Хореографы дунеон бон æмæ нæ республикæйы æппæт хореографтæн арфæ кæнæм бæрæгбоны цытæн.

@XurZaerin
Forwarded from IrystonTV
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
🤹🏻‍♂️ Олег Тайсаев, театр "Паяцы", Григорий Гарпузов - "Æхсæвæй-бонæй"

Сл.: Тамара Марзоева
Муз.: Карло Донида-Лобатти


🤡 Смотрите #Новогоднийогонек2025

Подписывайтесь на irystonTV
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
❄️Не 'рвылазон проект "Аивадон бакаст"-мæ гæсгæ ирон адæмон аргъау "Хæххон æлдары фырт æмæ быдирон æлдары чызджы аргъау" кæсы Хъацты Иринæ.

#культурныечтения2025
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
2025/01/10 03:19:17

❌Photos not found?❌Click here to update cache.


Back to Top
HTML Embed Code: